Главная - Новости Осетия

12/04/2022 Уый Ирыстоны сывæллæттæн балæвар кодта космос

Бирæ азты дæргъы дунеон æхсæнад 12 апрелы бæрæг кæны ахсджиаг бон – космонавтикæйы Бон. Апрелы амынд райсом бахауд дунеон историмæ 1961 азы, уæд советон лæппу – космонавт Юрий Гагарин – сæххæст кодта дунейы фыццаг атахт Зæххы алыварс космикон нау «Восток»-ыл. Космикон тыгъдад басæттыны хъуыддаджы ахсджиаг цау дзыллон информацийы фæрæзты сыфтæй нал цух кодта. Ацы бонæй фæстæмæ райдыдта Зæххы алыварсы æнæкæрон тыгъдады басаст. Цалдæр азы размæ меценатты фæрæзтæй, уыдонимæ республикæйы экс-разамонæг Битарты Вячеславы фæрæзтæй, Цæгат Ирыстоны байгом сты, ифтонггарзæй æмæ масштабæй æмбал кæмæн нæй, ахæм планетарий æмæ космонавтикæйы скъола. Стъалытæ æмæ галактикæты дуне саразыныл куыст дыууæ азы дæргъы цыд XIX æнусы 70-æм азты арæзт агъуысты. «Дун-дуне» саразыны хъæппæрис бахаста космикон конструктор, ССРЦ-ы Паддзахадон премийы лауреат, Лавочкины номыл НПО-ы сæйраг дæсны Къомайты Руслан. Уый бахаста ацы идейæ, ныууагъта йæ куыст Мæскуыйы, цалынмæ амынд идейæ йæ райгуырæн бæстæйы нæ сæххæст кодта, уæдмæ. Уымæ гæсгæ республикæйы разамынды уынаффæйæ скъолайæн лæвæрд æрцыд Къомайты Русланы ном. Къомайты Руслан бирæ куыста, бирæ фæндтæ йæм уыд, фæлæ, хъыгагæн, 2021 азы ноябры йæ цардæй ахицæн. Цыди йыл 74 азы. Руслан Владимиры фырт 45 азы бæрц фæкуыста Лавочкины номыл НПО-ы: мастеры хæсадæй генералон директоры фыццаг хæдивæджы бынатмæ. Йæ разамындæй арæзт æмæ фæлвæрд æрцыд 500 космикон аппараты бæрц. Фыдыбæстæйы космонавтикæйы рæзтмæ цы сæрмагонд æвæрæн бахаста, стæй йæ бирæазон æнтыстджын куысты тыххæй фæсмæрдон æгъдауæй хорзæхджынгонд æрцыд орденæй «Ирыстоны Кадæн». Уымæй уæлдай, йæ удæгасæй хорзæхджынгонд æрцыд бирæнымæц майдантæй æмæ кады нысантæй, уымæй уæлдай Уæрæсейы Ю.А. Гагарины номыл космонавтикæйы Федерацийы майданæй, зæрдылдарæн майданæй «50 лет космонавтике», майданæй «Ирыстоны Кадæн». Фæлæ æппæты сæйрагдæр уый у, æмæ абон йе скъолайы ахуыр кæнынц сывæллæттæ, уыдонæн ис фадат, уымæн цы бантыст, уый бавзарынæн.

"15-Й РЕГИОН"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях