Главная - Новости Беслан

28/05/2021 ИРОН ÆВЗАГ – НÆ РУХС БÆЛЛИЦ

«Къоста, Къоста - Ирыстоны кад,
Ирон æвзаджы цæстуынгæ бæркад!
Дæ зарæг ногæй нæ хъустыл ауад,
Дæ ныфс фæлтæртæн дæнцæгæн баззад!..»
Ирон æвзаг - нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæздыг. Не ‘сгуыхт ахуыргонд Абайты Васо ирон æвзаджы хъысмæты тыххæй афтæ дзырдта: «…бинонтæ сæ мидастæу иронау куы дзурой, уæд ын фесæфынæй тас нæу. Ныууадзæм уырыссагау, гуырдзиагау æрдæгдзæфтæ кæнын, ссыгъдæг кæнæм, æппæт дунейы дæр абон се ‘ргом кæмæ раздæхтой, æмæ иннæ бæстæты дæр лæмбынæг кæй ахуыр кæнынц, дунейы бирæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнынмæ дæгъæл чи у, уыцы диссаджы ирон æвзаг – не стырдæр хæзна!»
Куыд зонæм, афтæмæй ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон баст æрцыд, Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» фыццаг хатт мыхуыры куы рацыд, уыцы бонимæ. Бæрæг æй кæнынц æгас Ирыстоны дзыллæтæ. Афтæ, æрæджы Беслæныхъæуы Культурæйы Галуаны дæр цы цымыдисаг мадзал ацыд, уый, æнæмæнг, схонæн ис - бæрæгбон.
Мадзалы хъæппæрис рацыд зындгонд фыссæг Дауыраты Дамирæй æмæ йæ иумæйыгæй бацæттæ кодтой «Иры Стыр Ныхасы» районы хайад, ирон вæазджы ахуыргæнджытæ æмæ нæ сабиты ныййарджытæ.
Ацы ран ма архайдтой кадджын уазджытæ, Ирыстоны фысджыты Цæдисы минæвæрттæ: Хуыгаты Сергей æмæ Цомартаты Изæтбег, районы библиотекæйы кусджытæ, стæй мадæлон æвзагыл иузæрдион чи у, уыдон.
Мадзалы нысан уыд, ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ фыссыныл чи фæлгъауы, уыцы хистæркар адæм æмæ æрыгон фæсивæдмæ байхъусын.
Бæрæгбон Культурæйы Галуаны раз, Къостайы цыртдзæвæны цур, байгом кодта районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели. Уæлдæфы азæлыд Къостайы зарæг. Азарыдысты йæ зарæггæнджыты къорд, сæ сæргъы Едзиты Барис.
Æхсызгонæн æрæмысыдысты, адæмы сæрвæлтау йæхимæ зындзинæдтæ æмæ стыр маст чи иста, йæ нæртон ирон фæндыры цагъдæй æгас Ирыстоны чи райхъал кодта, мæгуыр æмæ æдыхыл цы ирон æвзаг нымадтой, уый тыхджын æмæ фидыцджынæй чи равдыста, уыцы адæмæн уарзон, Къостайы. Тугъанты Махарбег Къостайы цардвæндаджы тыххæй цы æрмæг æрæмбырд кодта, уым афтæ фыссы: «Лæгæй-лæгмæ йæ хорз чи зыдта, ахæмтæ куыд дзурынц, афтæмæй Къоста уыди диссаджы хæрзконд, асæй рæстæмбис, нарæгастæу æмæ фæтæнуæхск, диссаджы гуырвидауц. Йæ къахы айст - рог æмæ сæрибар. Йæ хуымæтæг дарæсы мидæг домбай гуырд кæй ис, уый бæрæг дарта. Цыд хæрзаивæй. Кафты дæр уымæ бакæсын диссаг уыд. Цæргæсау-иу тахт, кафæг чызджы фæдыл-иу иттæг аивæй æрсирдта, уыцы уæнгрог æмæ рæсугъдæй-иу æрзылд йæ алыварс. Алцыдæр йæхи цæстæй чи федта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ иу хатт Дзæуджыхъæуы Къоста æцæг æвзыгъд æмæ цæхæрцæст лæппу кæй уыд, уый хъуыддагæй равдыста. Йе ‘ мбæлттæй кæимæдæр схæснаг кодта, зæгъгæ, дам, цыппæрвадæй дугъгæнæг бæхы баййафдзынæн, йе рагъмæ йын сгæпп кæндзынæн æмæ йын йæ барæджы зæхмæ æрисдзынæн. Æмæ цы загъта, уый æххæст дæр бакодта - рамбылдта хæснаг. Гъе, ахæм диссаджы гуырд уыд Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста».
1906 азы, Къостайы ныгæнæн бон та мæнæ цы фыссы зындгонд фыссæг-бæстæзонæг Хъуысаты Генрих: «Ирыстоны æхсæнад куы сфæнд кодтой Къостайы Георгийевскæй сласын æмæ йæ Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуаны кæрты баныгæнын, уæд уыцы бон йæ зианмæ æрбамбырд сты гуырдзыйæгтæ, уырыссæгтæ, ирæттæ, азербайджайнæгтæ, украинæгтæ, сомихæгтæ, мæхъæлæттæ æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ. Уыйбæрц дзыллæ æрбамбырд æнхъæл ничи уыд. Адæм цыдысты æмæ цыдысты…
Архивты гæххæттытæм гæсгæ, бирæ азты фæстæ, куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы бон Беслæны æфсæнвæндаджы платформæйы адæмы æхсæн уыдысты Орджоникидзе, Киров æмæ Ной Буачидзе.
Къостайы хо Олгъæ та Дзасохты Гигомæ афтæ фыста: «Беслæны ныл сæмбæлдысты де ‘рвадæлтæ. Вокзалы адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Кæд ын мардласæн уæрдон æрцæттæ кодтой, уæддæр æй адæм хастой сæ къухтыл, суанг ма сæ сæртыл дæр. Хастой йæ студенттæ, офицертæ, хуымæтæг адæм, бынтон мæгуыртæ. Алчидæр сæ тырныдта Къостайы чырыныл йæ къух авæрынмæ. Гуырдзиаг Шошиев чырыныл байтыгъта зынаргъ хъуымац. Аргъуыды зарджытæ кодтой ирæттæ, гуырдзиагтæ, сомихæгтæ – алчидæр йæхи æвзагыл…»
Мæнæ цы дзырдта беслæныхъæуккаг Тхостаты Саукуыдз та: «Иу заман Элхотæй цыдтæн нæхимæ. Æфсæнвæндаджы станцæйы кæсын æмæ Ростовы поезды иу вагонæй йæ сæр радардта нæхи Къоста – фыдхуыз, хуыздзыд, æфхæрдхуыз. Кæрæдзиуыл тынг ныццин кодтам. Куыд рабæрæг, афтæмæй цыд Бетъырбухæй æмæ, кæд йæ уд тынг фæлмæст уыд, уæддæр йæ цæсгомыл цины уылæнтæ хъазыдысты - кæдæй-уæдæй ма уал азы фæстæ йæ райгуырæн Ирыстоныл сæмбæлд! Вагоны рудзынг байгом кодта æмæ йæ цæстæнгас сарæзта ныгуылæны ‘рдæм, нæ цъитиджын хæхтæм, Хъазбеджы хохмæ. Йæ цæстытæ-иу доны разылдысты, афтæмæй хинымæр дзурæгау дзырдта:
«Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти,
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм…».
Хъыгагæн, уый уыдис нæ фæстаг фембæлд…»
Уыцы бон, цыртдзæвæны раз, иу - иннæйы ивгæйæ, хъуыстысты Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ. Мадзалы хъуыдымæ гæсгæ, сæхи фыст рæнхъытæ бакастысты: Беслæны 4-æм скъолайы кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ Тыджыты Даринæ, Гуычмæзты Марат, Дадтеты Тамерлан, 2-æм скъолайы ахуырдзау Цхуырбаты Альмæ, Беслæны профессионалон училищейы студенткæ Соппойты Дианæ, стæй хистæртæ: Сидахъаты Кларæ, Гаглойты Альбинæ, Тетаты Эльврик, Туаты Зауыр, Ардасенты Алыксандр, Æгайты Амырхан, Баситы Юри.
Се ‘мдзæвгæтæ ма радзырдтой, поэзийы къæпхæнтыл бонæй-бон уæндондæр къафдзæхтæ чи кæны, уыдон: цыппæрæм скъолайы рауагъдонтæ Бестауты Аланæ æмæ Бигъаты Сæрмæт.
Мадзалы архайджыты йæхимæ сзæрдæмхиц кодта фондзаздзыд Гацолаты Викæ. Уый тынг рæсугъд æмæ æнæкъуылымпыйæ радзырдта Къостайы æмдзæвгæ «Æрра фыййау». Стыр бузныг зæгъæм йæ ныййарджытæн, Викæйæн ирон æвзаг ныридæгæн афтæ чи бауарзын кодта.
Нæ суинаг поэттæн, стæй бæрæгбонмæ чи саккаг кодта, уыдонæн арфæйы ныхæстæ загътой Дауыраты Дамир, Хуыгаты Сергей, Цомартаты Изæтбег, Тетаты Джульеттæ, Хъуысаты Риммæ, Сидахъаты Кларæ.
Библиотекæйы кусæг Дзигойты Фатимæ та курдиат бахаста, цæмæй интернетмæ фылдæр хаст цæуой ирон æвзагыл нæ фысджытæ æмæ поэтты уацмыстæ.
Кæронбæттæны мадзалы архайджытæн уазджытæ загътой сæ фиппаинæгтæ, стæй сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ фысджыты чингуытæ сæ къухæвæрттимæ.
Томайты Савели æмæ Кцойты Геромæн Фысджыты Цæдисы номæй хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттæй, ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ традицитæ кæстæр фæлтæрмæ хæццæ кæныныл зæрдиагæй кæй кусынц, уый хынцгæйæ.
Уыцы бон ма Дауыраты Дамир бахаста тынг цымыдисаг фæндон – районы Ныхасы уагыл саразын литературон къорд. Уыцы хъуыды ууылдæр банымадтой ахсджиагыл æмæ йыл, æнæмæнг, бакусын хъæудзæн бындуронæй.
КЪУБАЛТЫ Зинæ, районы Ныхасы бæрнон кусæг.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях