Главная - Новости Беслан

26/08/2022 Къохы дзуары куывд Зилгæйы

Зилгæйы цæрджытæ æмæ хъæуæй рацæуджытæ алы аз дæр иу бон æрбамбырд вæййынц Къохы дзуары бынмæ майрæмы мæйы (августы) æртыккаг хуыцаубоны. Афтæ ныр дæр, ивгъуыд хуыцаубоны, зæдбадæн бынаты дуне дзыллæ æрæмбырд. Аст азы ам дзуары лæг у хъæуы хистæр фæлтæры минæвар Дзусаты Барис. Сæ бæрæгбон куыд ацыд, зæгъгæ, йæ куы бафарстам, уæд нын радзырдта:
- Куывдмæ нæхи бæстон бацæттæ кодтам, рагагъоммæ бауынаффæ кодтам, хъæбæр нозт фынгтыл æвæрд кæй не ‘рцæудзæн. Уый хыгъд дзы парахатæй сæвæрдтам нæхи конд ирон бæгæны, адджын дæттæ. Сбæрæг кодтам лæггадгæнджыты, куыд нæлгоймæгты, афтæ сылгоймаг æфсинты дæр. Æмæ сæ цæрæнбон бирæ, тынг хорз æгъдау радтой адæмæн. Сæрмагондæй мæ арфæ ракæнын фæнды Гусалты Таймураз, Козырты Аслан, Мысыкаты Берд, Дзгойты Астик, Дзгойты Аслæнбег æмæ Дзусаты Дзамболатæн. Нæхæдæг кусæрттаг балхæдтам мысайнæгтæй, æртæаздзыд гал æрбарвыста Козырты Тамик. Уæдæ нæ хъæуæй рацæуæг, республикæйы хорз кæй зонынц, уыцы Болиаты Галинæ дæр куыд алы аз, афтæ та ныр дæр кусæрттаг саккаг кодта. Йæхи номæй фыс, йемæ та, ирон æгъдаумæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ фараст уæливыхы, æрбарвыста Азиаты Алан. Хъæуы хицау Гæджиты Аслан дæр дзыхъхъы нæ ныллæууыд – йæ номæй кувæндонмæ фыс арбарвыста. Æппæт уыцы кусæрттæгтæ бакой кæнын хъудис, æмæ уæлдæр ранымад лæгтæ иттæг хорз сарæхстысты. Æрбаластам къала пецтæ кæрдзын кæнынмæ, æмæ нæртон æфсинтæ басгуыхтысты Дудайты Светæ, Дзгойты Элинæ, Дзгойты Земфирæ æмæ Козырты Эльвирæ, диссаджы хæрзад уæливыхтæ, цæхæраджынтæ æмæ фыдджынтæ скодтой. Уыдис нæм иннæ хъæутæй уазджытæ, дзуары лæгтæ. Фынджы хистæртæ Бзарты Таймураз, Едзиты Андрей (Тымыгъ) æмæ Алыккаты Хасан куывддзауты Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл, Къохы дзуарыл бафæдзæхстой, фæрнджын куывдтæ фæкодтой, æмæ уæлæрвтæм дзæбæхæй фехъуысæнт.
Хъæуы цæрджытæ бирæ хорздзинæдтæ зонынц Ирыстоны зындгонд меценат Лалыты Левæйæ. Æрбахуыдтам æй нæ бæрæгбонмæ, арфæ йын ракодтам, чысыл лæварæй йын йæ зæрдæ балхæдтам.
Нæ куывды хъæлдзæгдзинадæн дæр уыдис бынат – бон-изæрмæ нын фæлæггад кодтой Беслæныхъæуы Культурæйы галуаны артисттæ, уыдонæн дæр бузныг зæгъын. Фæсивæд та сæ хъарутæ æвзæрстой армхæстæй, спорты алы хуызтæй, - балхынцъ кодта йæ ныхас Дзусаты Барис.
Куывды æртыккаг хистæрæн бадт æмæ æгъдау хаста Зилгæйы кадджын уазæг Беслæныхъæуы куырыхон хистæртæй иу – Алыккаты Хасан. Бирæ азты дæргъы Лæгты Дзуары кувæндоны Советы сæрдар уыдис, адæм æй зондæй фæрсынц, æмæ йæ мах дæр бафарстам, Къохы дзуары куывд куыд ацыд, зæгъгæ.
- Тынг хорз бацæттæ кодтой, фынгæвæрд уыдис аив, куыд æмбæлы, афтæ. Адæм кæрæдзийыл фæцин кодтой, мæнмæ гæсгæ, Зилгæйы цæрджытæ стырæй-чысылæй сæ кувæндоны æрæмбырд сты, æрбацыдысты республикæй алы рæттæй дæр. Лæггадгæнджытæ æмæ æфсинтæн сæ цæрæнбон бирæ, хъæстагæй никæй арвыстой. Фæлæ мæм ис иу фиппаинаг. Чи зоны æмæ мыл искæй зæрдæ фæхуда, фæлæ иу хъуыддаг мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Фынгыл бадджыты, кæй куыд фæндыд, афтæ-иу сыстадысты æмæ гыццылгай сæхи айстой. Мæнмæ гæсгæ, уый раст нæу, фынджыбадт дæр æгъдау у æмæ йæ кæронмæ хæссын хъæуы, - йæ хъуыдытæ загъта Хасан.
Ацы фиппаинаг, æнæмæнг, иннæ азы куывдмæ бахынцдзысты, азым кæмæ хауы, уыцы куывддзаутæ. Къохы дзуар алкæмæн дæр æххуысгæнæг уæд.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях