Главная - Новости Беслан

03/12/2021 Фæсивæдмæ нæ зæрдæ райы

Æнæхъæн къуыри Ирыстоны дзыллæ афæдзы иннæ бонтæй хъауджыдæр уæлдай зæрдиагдæрæй куывтой Хуыцаумæ минæвар тæхгæ-нæргæ Уастырджимæ. Куывтам æм зæрдиагæй, куырдтам дзы хорзæхтæ. Фыццаджыдæр, дунейыл цы рын сыстад æмæ адæмы цæвæгæй кæрдæгау чи цæгъды, уыцы æнæхаиры уæззау низ, куыд æваст фæзынд, афтæ æваст куыд фесæфа, уыцы хорзæх куырдтой æргом зæдæй.
Мах дæр, Беслæныхъæуы Уастырджийы кувæндоны Советы уæнгтæ, æрæмбырд стæм зæдбадæн бынаты. Фæдзырдтам районы кувæндæтты дзуары лæгтæм, æрбахуыдтам Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнгты, фæсивæды минæвæртты. Тымбыл фынджы уæлхъус сыр-сыргæнаг нæртон бæгæныйы кæхцæй бакуывтам, ссардтам Не скæнæг Хуыцау, Уастырджийы ном, сыгъдæг зæрдæйæ дзы Ирыстонæн сабырдзинад, æнæниздзинад ракуырдтам. Уæларвмæ кæй куывд фехъуысдзæн, уый бæрæг нæу, фæлæ нæ зæрдæ дарæм, хуыздæр рæстæг кæй ралæудзæн, ууыл æууæндæм – фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц…
Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды, цы бæгæныйы кой скодтон, уый тыххæй. Нæ горæты цæрæг Дыгургомæй, Мæхческы хъæуæй ралидзæг Тауытты Фидар сæрды Беслæныхъæуы Уастырджийы куывдмæ сфыхта æцæг фыдæлтыккон æлутон. Адæмы зæрдæмæ тынг бацыд, æмæ Джеоргуыбамæ дæр ахæм бæгæны сфыцæм, зæгъгæ, фæсивæд фæндон бахастой. Ацы кадджын æмæ бæрнон хъуыддаг сæхимæ райстой Тауытты Фидары фырт Ролан, Бæзойты Заур æмæ Ханайты Михал. Куыд æй скæнын хъæуы, хи куыд дарын хъæуы, уыцы амынддзинæдтæ сын радтой Фидар æмæ Михалы мад Зоя. Тамако дымын, чъизи дзыхæй дзурын не ‘мбæлы, буар сыгъдæг дарын хъæуы æмæ а.д. Лæппутæ балхæдтой мигæнæнтæ суанг сасиры уонг, бафтыдтой зад, æмæ раст нæ рагфыдæлтæ куыд фыхтой бæгæны, афтæ йыл лæмбынæг бацархайдтой. Диссаджы хæрзад рауад, куыд фæзæгъынц, тугыл аскъуыд.
Фæсивæдмæ нæ зæрдæ райы. Фæнды сæ нæ фыдæлты фарн раздахын, æгъдауыл цæрын, æмæ нын уый ныфс дæтты, нæ фидæн рухс кæй уыдзæн. Æрбацæуынц кувæндонмæ, æххуыс кæнынц, бафснайынц бæстыхæйттæ. Ирон фынджы ‘гъдæуттæ, зиан æмæ цины хъуыддæгтыл бафæрсынц. Айфыццаг дæр ма йæ фыстон, нæ лæппуты къорд ДудиатыЗаур, Бæгъиаты Батрадз, Къостанты Сослан, Кокайты Зелим, Мæргъиты Роман æмæ Æбиты Аслан та фæрæзтæ æрæмбырд кодтой æмæ дзы балхæдтой кæрдæгкæрдæн (газонокосилка), æндæр кусæнгæрзтæ. Загътой, æрмæст кувæндоны территори нæ, фæлæ, дам-иу уæлмæрдты дæр афснайдзыстæм. Се ‘мгæрттæ дæр сæм кæсынц, дæнцæг дзы исынц æмæ сæ хорздзинæдтæм разæнгард кæнынц. Арфæйаг сты сæ ныййарджытæ, ахæм æвзыгъд кæстæртæ чи схъомыл кодта.
Бузныг зæгъæм Аллæ æмæ Андрей Третьяковтæн дæр – нæ фарсмæ æрбалæууынц, се ‘ххуысы хай хæссынц Хуыцауæн æхцон хъуыддæгты, сæ цæрæнбон бирæ.
Кувæндоны цы аразæм, Советы уæнгты архайд, фæсивæды æххуысы тыххæй арæх фыссы нæ уарзон газет «Вестник Беслана», æмæ нын ног азы фыццаг æрдæгæн йæ рафыссынæн ахъаззаг æххуыс бакодта нæ республикæйы парламенты депутат мæ адджын къабаз, ме ‘рвад Алыккаты Костя – радта нын æхцайы фæрæзтæ.
Къуырисæры Уастырджийы йæ уæларвон хæдзармæ афæндараст кодтам, æмæ нын нæ куывдтæ, нæ курдиæттæ Хуыцаумæ дзæбæхæй фæхæццæ кæнæд!
Алыккаты Хасан, Беслæныхъæуы Уастырджийы кувæндоны Советы уæнг.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях