Главная - Новости Осетия

21/05/2019 Мадæлон æвзагмæ  фаг æргом здахынц Рахизфарсы районы

Куыд зонæм, афтæмæй зæлдæвæрæны мæйы 15-æм бон Ирыстон сбæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературайы бæрæгбон, кæцы равзæрдис нæ мадæлон æвзаджы фидæны сагъæсæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: бардзырд ирон æвзаг æмæ литературæйы боны тыххæй 2003-æм азы ныффидар кодта нæ республикæйы уæды разамонæг Дзасохты Алыксандр.
Рахизфарсы районы мадæлон æвзаг кæй уарзынц æмæ йын кад кæй кæнынц, уымæн æвдисæн, майрæмбоны Беслæны культурæйы галуаны цы мадзал арæзт æрцыд, уый дæр. Хъæппæрис бавдыста районы ахуырады управлени, сæрмагондæй – ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ. Æххуыс та йын кодтой культурæйы артдзæсты артисттæ æмæ хихъæппæрисадон къордтæ. Бæрæгбонмæ æрбахуыдтой районы сæргълæуджытæ Фрайты Сослан æмæ Беркъаты Константины, районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели æмæ ветеранты Советы сæргълæууæг Калоты Анатолийы, ацы æхсæнадон змæлдты уæнгты. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрæгбоны архайдтой ахуырады управленийы разамонæг Людмила Афанасьева æмæ йæ коллективы уæнгтæ, стæй мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ.
Хъуысаты Эммæ йæ разныхасы арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл залы бадджытæн, бирæ рæсугъд ныхæстæ загъта:
- Мадæлон æвзаг мады ад кæны, мады æхсыримæ адæймаджы уæнгты ахъары, зæрдæйы æрфытæм ныттæдзы, хуры тынтау ныккæсы йæ къуымтæм æмæ сæ ныррухс кæны. Мадæлон æвзаджы дзырдтæ хъуытаз дзæнгæрæджы зæллангау адæймаджы удыл аудынц, налхъуыт фæрдгуыты халау алыхуызон рæвдауæг æрттывд кæнынц. Адæмон сфæлдыстады йын цыкурайы фæрдыгау æхцондзинад æмæ амонды хос сты, уалдзыгон фæлмæн уарынау зæрдæйы хъарынц. Ирон æвзаг бахъахъхъæнын у сæйрагдæр. Уый махæн у нæ историон адрис, æмæ йæ куы фесафæм, уæд сæфынц нæ истори æмæ нæ фыдæлтимæ бастдзинад. Æнæ истори, æнæ фыдæл адæм та дзæгъæл сывæллонæй уæлдай нæу – алкæмæ дæр хæлæггæнгæ, сæркъулæй кæсы. Хуыцау нæ уыцы уагæй бахизæд! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
Стыр арфæйы аккаг сты мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, куыд скъолаты, афтæ рæвдауæндæтты дæр афæдзæй-афæдзмæ зæрдиагæй кусынц сабитимæ æрмæст урокты нæ, фæлæ сæ уæгъд рæстæджы дæр, цæттæ сæ кæнынц алыхуызон районы æмæ республикон æркасттæ, фестивальтæ æмæ конкурстæм.

Сæ архайды ирд бæрæггæнæнтæ та сты, цы хæрзиуджытæ æрæмбырд кæнынц, уыдон – арæхдæр - фыццаг æмæ дыккаг, стæй æртыккаг бынаты дипломтæ, кады гæххæттытæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ. Абон кадджын уавæры уыцы хæрзиуджытæ скъоладзаутæ æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн раттыны бар ис районы администрацийы хицау Беркъаты Константинæн, районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Людмила Афанасьевайæн, Ныхасы сæрдар Томайты Савелийæн, - загъта Хъуысаты Эммæ.
Кады гæххæттытæ лæвæрд æрцыдысты ахуыргæнджытæн дæр. Мадзал амонæг Лазарты Зæлинæ æмæ культурæйы Галуаны артисттæ, куыд загътам, афтæмæй бæрæгбон саив кодтой сæ курдиæттæй. Сæ арæхстдзинад мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ дзурын, кафын æмæ зарынæй бавдыстой чысыл сабитæ, ахуырдзаутæ.
Уыцы бон ма арфæйы ныхæстæ æмæ кады гæххæт райста Томайты Савели. Бирæ азты дæргъы Ныхасы сæргъы лæугæйæ, зæрдиагæй хъомыладон куыст кæны йе ’мбæлттимæ фæсивæды ‘хсæн, арæх вæййынц скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты, архайынц нæ адæмы æвидигæ хæзнатæ – æгъдау, традицитæ цæмæй фидардæр кæной, мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл.
Бæрæгбон рауад мидисджын, бавдыста, ирон æвзаг æмæ литературæмæ фаг æргом здæхт кæй цæуы нæ районы ахуырады уагдæтты.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях