Главная - Новости Осетия

19/11/2020 Ацы хатт стыр куывдтæ ма скæнæм – Кучиты Руслан

Нæ зынаргъ Ирыстоны адæм!
Æрбахæстæг кæны не стырдæр бæрæгбон – Уастырджийы кувæн къуыри. Куыд зонут, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæджы бардзырд æмæ Парламенты уынаффæмæ гæсгæ æрвылаз Джеоргуыбайы (ноябры) мæйы фæстаг æххæст къуырийæн йæ фыццаг бон вæййы улæфæн бон, цæмæй алы бинонтæн дæр уа æмбæлгæ фадат уыцы изæр сæ хæдзары æртæ кæрдзынæй скувынæн. Бирæ сыхтæ скæнынц иумæйаг куывд, саразынц ерыстæ кæстæртæн, хъазтизæртæ. Уымæй ацы бæрæгбон тынг ахъаз кæны сыхбæсты æнгомдзинадæн, æгъдау парахат кæнынæн, стæй кæстæрты раст хъомыладæн. Хистæртæ сæ бафæдзæхсынц Уастырджийыл, цæмæй сæ царды фæндаг уæрæх, рæсугъд æмæ амондджын уа. Хъыгагæн, фæстаг аз дунейыл тæссаг рын сыстадис æмæ нын уый абон æнæзæрдылдаргæ хъуамæ ма уа. Бирæ бинонты басыгъта йæ азарæй. Нæ алы фæзылд, алы хъуыддаджы дæр хъуамæ адæмы æдасдзинад æмæ æнæниздзинад æвæрæм æппæтæй уæлдар. Уый фæдыл, иннæ азтæй уæлдай, сидын нæ адæммæ, цæмæй ацы хатт стыр куывдтæ ма скæнæм. Бæрæгбоны фынгыл цал адæймаджы æрбада, авд æви сæдæ, уымæй уæлдай ницы ис. Сæйрагдæр у цы зæрдæйæ, цы хъуыдытимæ скувой хистæртæ. Алчидæр нæ æмбары, Уастырджийы кувæн къуыримæ куыд цæттæ кæнын æмæ йæ куыд арвитын хъæуы. Зонæм, нæ фыдæлтæ-иу цы стыр бæрæгбон скодтой æмæ-иу адæм иууылдæр иумæ куыд цин кодтой. Фæлæ ныры тæссаг уавæры хиуыл фæхæцын æмæ бæрæгбоны рæстæг æдасдзинадыл батыхсын растдæр уыдзæн. Йæ хæдзары, стæй сыхбæсты мидæг сыгъдæг зæрдæйæ чи скува, уымæн-иу йе ’ртæ кæрдзыны бæрсткуывд уæнт! Уастырджийы хорзæх уæд нæ Ирыстоны адæмы æмæ уыл бæрæгбон дзæбæхæй сæмбæлæд!

"15-Й РЕГИОН"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях