Главная - Новости Беслан

30/07/2015 Цæстуарзонæй нын бахай кæны йæ зонды къæбицæй

Юбилей
Цæстуарзонæй нын бахай кæны йæ зонды къæбицæй
Нæ газетыл авд азы сæххæст, æмæ фыццаг бонæй фæстæмæ нæ фарсмæ æнгом чи лæууы, уыдонæй иу у Сæбæтхъуаты Мæхæмæты чызг Фатъимæт. Хæрзуд, зæрдæхæлар, хæрзаив адæймаг, куыд фæзæгъынц, йæ фæстаг хæдон дæр дын нæ бавгъау кæндзæн, йæ уд дæр дын ратдзæн бахъуаджы сахат. Уæвгæ, æвæццæгæн, Мæхæмæты цотæн уый сæ сæйрагдæр миниуæг у – чи нæ зоны Иры дзыхъхъы зарæджы хъайтар Сæбæтхъуаты зынгхуыст Хъазыбеджы, сабиты сæрвæлтау йæ цард чи радта, æрдзон фыдбылыз æрцæугæйæ мæлæтимæ карз тохы чи бацыд…
Фатъимæты дæр районы цæрджытæ, махмæ гæсгæ, се 'ппæт дæр зонынц, уæлдайдæр астæуккаг æмæ хистæр кары адæм. Бæрнон бынæтты фæкуыста, уый тыххæй нæ, фæлæ у, ирон культурæ, традицитæ, æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл йæ уд чи хъары, бирæ чи архайы, ахæм æцæг ирон сылгоймаг. Хорз зоны ирон адæмы истори. Цыфæнды фарстайæн дæр æм цыма дзуапп ис, афтæ нæм фæкæсы. Бакуыста къорд азы редакцийы дæр, æмæ нæ æрвылбоны архайды сусæгдзинæдтимæ дæр зонгæ у. Махæн йæ амынддзинæдтæ пайдайы хос сты, цæстуарзонæй нын бахай кæны йæ зонды къæбицæй, уæдæ нæм æрмæгæй дæр фæкæсы, æмæ йын стыр аргъ кæнæм.
Ирыстоны кад æмæ намыс сты Фатъимæты хуызæн сылгоймæгтæ – хъæр æмæ ахст нæ самайынц, фæлæ дзы алчи, йæ хъарутæ æмæ авналæнтæ куыд амонынц, афтæ архайы ирон адæмы фарныл бафтауыныл. Хæрзиуджытæ æмæ арфæтыл нæ кусынц, сæ риу тымбыл къухæй нæ хойынц.Фатъимæт хæлардзинады тæгтæ ауагъта Турчы ирæттæм, ис ын дзы, куыд хæстæджытæ, афтæ хорз хæлæрттæ дæр. Ардæм дзы чи ‘рбафты, уый æнæрбацæугæ нæ фæвæййы Авлохты - Сæбæтхъуаты Фатъимæты фæрныг хæдзармæ, æмæ йыл зæрдиагæй сæмбæлынц, зæдты æмрæнхъ æй сæвæрынц.
Райсом дæр, æвæццæгæн, йæ хæдзары дуне адæм æрæмбырд уыдзæн, - йæ райгуырæн боны фæдыл ын арфæтæ кæндзысты йæ хионтæ, хъабæзтæ, хæлæрттæ. Фатъимæт сбæрæг кæндзæн йæ юбилей, æмæ райсæд «Вестник Беслана»-йы редакцийы номæй дæр зæрдиаг арфæтæ! Нæ æнæштатон уацхæссæг ма бирæ азты дæргъы æнæниз æмæ æнæмастæй цæрæд, йæ дзæбæх кæстæрты хуртæй бафсæдæд. Фатъимæт, цы фæндтæ дæм ис, уыдон дæ къухы бафтæнт, мах та дæ бинонты хорздзинæдтæн æвдисæнтæ куыд уæм!
Газет «Вестник Беслана»-йы редакцийы коллектив.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях