Главная - Новости Беслан

26/09/2016 ИРОН БÆГÆНЫЙЫ БÆРÆГБОН

Ныр фондз азы дæргъы бæркадджын фæззæджы Ирыстон бæрæг кæны ирон бæгæныйы бæрæгбон. Ацы рæсугъд мадзал кæй руаджы сырæзыд, уыдон сты бæгæныфыцæн компани «Бавария» æмæ нæ республикæйы культурæйы министрад.
Ивгъуыд азты бæрæгбон æнтыстджынæй ацыд Кæсæг-Балхъары, Хъæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны. Ацы аз та райдыдта Самарæйы горæтæй. Бынтон цымыдисаг уый у, æмæ сæ сæйраг уынг - «Осетинская»-йы - сæмбырд дæс мин адæймагæй фылдæр - иууылдæр ирæттæ. Уый фæстæ йæ бæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны. Ацы аз та ма нæ бæгæныфыцджыты номхыгъдыл бафтыд Францийæ æмæ Туркæй.
Нæ фыдæлтæ карз нозт нуазаг адæмыл нымад нæ уыдысты, фæлæ сæм ирон бæгæны уæлдай бынат ахста сæ фынгæвæрдты. Уымæ гæсгæ сæвзæрд ацы мадзал.
Æртыццæджы Беслæны бæрæг кодтой ацы диссаджы рæсугъд бон. Культурæйы Галуаны фæзмæ æрбацыд тынг бирæ адæм. Ардæм ма сæмбæлдысты Францийы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Джанайты Лорæ, республикæйы культурæйы министрады адæмон сфæлдыстады центр «Фарны» директор, нæ районы хъæуты минæвæрттæ.
Куыд алы хатт, афтæ ныр дæр сæ диссаджы равдыстæй дисы бафтыдтой адæмы æрыгон техникты сфæлдыстадон центры ахуырдзаутæ, сæ сæргълæууæг Хадыхъаты Тæирæ. Ацы ран æппæты фыццаг алыхуызон хъæууонхæдзарадон кусæн гæрзтæ аразыныл сывæллæты ахуыр кодта Хæмыцаты Æхсарбег (рухсаг уæд!). Йæ дæсныйад ын дарддæр хæццæ кæнынц йæ ахуырдзаутæ Ходы Алан, Санаты Тамерлан æмæ Сидахъаты Виталий. Уæдæ фыццагон бæгæны фыцæн дзаумæтты равдыст та сарæзтой Болиаты Светланæйы ахырдзаутæ.
Уæлдæфы зæлыдысты ирон фæндыры зæлтæ. Адæм цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты бæрæгбоны райдианмæ.
Нæ районы сылгоймæгтæй йæ ныфс чи бахаста ацы бæрнон конкурсмæ, уыдон уыдысты Æгайты Жаннæ – Заманхъулæй, Уататы Нинæ æмæ Сыкъаты Тамарæ – Ног Бæтæхъойыхъæуæй, Дзампаты Раисæ – Хуымæллæгæй, Музаты Фатимæ – Олгинскæйæ, Дауыйаты Зæлинæ – Фарныхъæуæй, Дзускаты Луизæ – Цæлыккæй, Дзугаты Дианæ – Брутæй, Тедеты Жаннæ – Раздзогæй, Фидараты Эльвирæ æмæ Дзарасаты Кæринæ - Зилгæйæ.
Ацы аз, цæмæй æнæзæрдæхудтæй бæрæг æрцæуой хуыздæр бæгæныфыцджытæ, уый тыххæй иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ конкурсы архайджытæн лæвæрд æрцыд хицæн номыртæ, кæцыты нæ зыдтой нæдæр архайджытæ сæхæдæг, нæдæр жюрийы уæнгтæ. Сæ мыггæгтæ мыхуыр æвæрдæй уыдысты хицæн къонвертты.
Конкурсы архайджытæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ: Дыдарты Георгий, компани «Бавария»-йы бæгæныфыцæн цехы хицау, Быттæты Ирбег, компани «Бавария»-йы коммерцион директор, Тедтаты Эльврик, районы Ныхасы уæнг, Кцойты Гермæн, Беслæны Лæгты Дзуары кувæндоны лæггадгæнæг, Къониаты Азæ, Беслæны цæрæг, æмæ уæ уацхæссæг.
...Æмæ мæнæ бæрæгбон амонæг Хъæстуаты Беллæ байгом кодта мадзал. Райхъуыст Уататы Бибойы хъæлæс - «Уастырджийы зарæг». Адæмы размæ рацыдысты кувæг лæг Кцойты Гермæн, чызг æмæ лæппу ирон дарæсы, æртæ кæрдзыны, физонæг æмæ бæгæныйы къусимæ.
Гермæн йæ къухтæм райста бæгæныйы къус:
- Алы бон æгас нæм цæут! Абон у стыр бæрæгбон, æмæ йæм цы хорздзинæдтæм æнхъæлмæ кæсæм, уыдон нын Хуыцауы цæст бауарзæд. Нæ «сатанаты» цæрæнбон бирæ уæд, æгайтма нæм ис, Сатанайымæ ерыс кæнынмæ йæ ныфс чи бахаста, ахæм сылгоймæгтæ.
Абон нæм уазæгуаты æрбацыдысты Францийæ, æмæ сын нæ къухæмдзæгъдæй арфæ ракæнæм. Нæ ерысдзаутæн та нæ зæрдæ зæгъы, Сатанайау бæркадкъух æмæ куырыхон куыд уой...
Цалынмæ жюрийы уæнгтæ хатдзæгтæ хастой, уæдмæ адæмæн цымыдисаг концерт равдыстой Галуаны вокалон-инструменталон ансамбль «Амонды Суадоны» архайджытæ Туаты Тугъан, Дзæрæгъæсты Алинæ æмæ Адырхаты Иринæ. Бæрæгбоны адæм æхсызгонæй æмбæлдысты Ирыстоны адæмон артист Гæджынаты Руслан æмæ Олгинскæйы ансамбль «Хурзæрины» архайджытæ Кæлуты Людмилæ, Дзулаты Зæлинæ æмæ Кочысаты Маринæйыл. Адæмы зæрдæтæ ма сæ аив кафтæй барæсугъд кодтой Культурæйы Галуаны кафджыты къордтæ «Суадон» (сæ разамонæг Еналдыты Коля) æмæ «Беслан» (Дудиаты Олег).
Уалынмæ амонæг ныхасы бар радта жюрийы уæнг Дыдарты Георгийæн, цæмæй адæмы размæ рахæсса нæ «сатанаты» арæхстдзинад.
Жюрийы уæнгтæ фыццаг бынат саккаг кодтой Тедеты Жаннæйæн – Раздзогæй, дыккаг бынатмæ рацыд Олгинскæйаг Музаты Фатимæ, æртыккаг бынат æрхаудта Дзускаты Луизæмæ - Цæлыккæй.
Сæрмагонд бынат лæвæрд уыд бæркадкъух æфсинæн Æгайты Жаннæйæн - Заманхъулæй.
Фæуæлахизуæвджытæ хорзæхгонд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Бæрæгбоны кæронбæттæн , кæд уарын райдыдта, уæддæр Галуаны фæзы ирон хъазт байгом кодтой Тетаты Эльврик æмæ Къониаты Азæ. Сæ уæздан кафтæн адæм æмдзæгъд кодтой уырдыг лæугæйæ.
Францийы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Джанайты Лорæ зæрдæбынæй арфæ ракодта бæрæгбоны архайджытæн. Уый загъта:
- Æз дзурынмæ дæр нæ хъавыдтæн, уымæн æмæ тарстæн, мæ цæссыг куы нæ бауыромон. Фæлæ ме 'мбæлттимæ абон ам цы дисаджы мадзалæн уыдыстæм æвдисæн, уымæн æмбал нæй. Æгайтма уæм, Беслæн, ахæм хъару ис, æгайтма уæ ныфс нæ асаст, царды зын фæзилæнтæй нæ тæрсут æмæ диссаджы бæрæгбæттæ аразын уæ бон у! Нæ зæрдæ уын зæгъы зæххон хорздзинæдтæ. Стыр Хуыцау уын цæссыг макуыуал бавзарын кæнæд, фæлæ уæ цæсгæмттыл æдзух абоны хуызæн мидбылхудт хъазæд!
Бæрæгбон, æцæгæйдæр, рауад тынг рæсугъд æмæ цымыдисаг. Цæриаты Валерий куыд загъта, афтæмæй Рахизфарсы районы цы мадзæлттæ ацæуы, уыдонæн æдзухдæр вæййы уæлдай аргъ.
Уый ма йæ ныхасы арфæ ракодта нæ районы «сатанатæн», стæй бæрæгбонмæ ахæм бæрнон цæстæнгас чи раздæхта, уыдонæн - Культурæйы Галуаны кусджытæн, сæ сæргъы Сыкъаты Марат, стæй мадзал баргонд кæмæн уыд æмæ йыл афтæ зæрдиагæй чи бакуыста, уыдонæн - методисттæ Ходы Лидæ æмæ Ларисæйæн.
Къубалты Зинæ, районы хайад «Иры Стыр Ныхасы» бæрнон нымæрдар.

Вестник Беслана

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях