Главная - Новости Беслан

26/02/2015 Æцæг ирон лæг, дæсны дохтыр

Сывæллон куы райгуыры, уæд йæ дунейы цардмæ рахæссы мад æмæ фыды æгъдау, уæздандзинад æмæ æфсарм. Бирæ хатт адæймаг фехъусы, «æвæдза, цард ци диссаг у!», фæлæ æз та зæгъын афтæ, цард диссаг нæу, диссаг сты адæм. Адæм куыд фæйнæхуызы сты, кондæй, уындæй, асæй, афтæ фæйнæхуызон сты сæрызондæй æмæ æгъдауæй дæр. Мæнæ иу ахæм дæнцæг. Лæууын рады дохтырмæ. Иу бацæуы, иннæ бацæуы æмæ рацæуынц мæстыйæ, сæ ныхас вæййы афтæ: «Фæлтау куы не ‘рбацыдаин, хъæр æмæ мæ масты бын фæкодта». Ис ахæм дохтыртæ, æмæ сæм куы бацæуай, уæд дæ æрмæст сæ фæлмæн ныхасæй, сæ уæздандзинадæй хос нал бахъæудзæн.
Ахæм уæздан, зæрдæхæлар, хуымæтæг æгъдауджын дохтыр Хъыбызты Таймураз Хъайтыхъы фыртыл сæмбæлдтæн æрæджы. Лæууын дохтырмæ, мæнæ мæ рад æрбахæццæ. Дуарæй мидæмæ куыддæр бахызтæн, афтæ дын мæ разæй иу бæрзонд лæг йæхи фæтъыста æмæ фæмидæг. Æз Хъыбызы-фырты никæд федтон, зонгæ дæр æй нæ кæнын. Мæ разæй чи багæпп кодта, уый фæрæвдз.
- Дæ бон хорз, Таймураз, - дзуры дохтырмæ, йæ къух æм бадаргъ кодта, афтæмæй, - тагъд кæнын, нæ мæ ‘вдæлы. Мæнæ мæ хъус цыдæр кæны, фен ма йæ. Æнæуи та куыд стут хæдзары, рагæй уæм нал бауадтæн? - йæ ныхасмæ гæсгæ уыдысты зонгæ.
Хъыбызы-фырт мæнмæ дæр бакаст, стæй уымæ. Бамбæрста хабар.
Бахатыр кæн, Солтан, мæнæ кæй рад у, уый ауадзон, стæй дæ рады ‘рбацæудзынæ.
Лæг йæ уæнгтæ базмæлын кодта æмæ рацыд къæлидормæ. Мæн аивæй бандоныл сбадын кодта дохтыр æмæ мæ бæстон фарст кæны. Йæ къухы бавналд - фæлмæн, йæ ныхас - уæздан, сындæг, сабыр, лæгъз, йæ цæсгом - райдзаст, хуымæтæг, цыма мæ рагæй зоны, афтæ йæ ныхасæй адæймаджы дзæбæх кæны, зæрдæ дзы рухс кæны. Лæмбынæг æркаст, бæлвырд сбæрæг кодта низы хатт, мæ уавæр, æмæ цы хъæуы дарддæр ме сдзæбæх кæнынæн, цæмæй фесæфа низ, уый охыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ у цыргъзонд, фæлтæрдджын. Ныр ма у æвзонг, фæлæ йæ зонындзинæдтæм гæсгæ - дæсны дохтыр.

Ахуыргонд адæм бирæ ис, о, фæлæ йæм куы нæ уа хуымæтæг æууæлтæ, æнкъарæнтæ, уæд нæ базондзæн йæ дæсныйадæй мæгуыр рынчыны фервæзын кæнын. Сбад дын никуы зæгъдзæн, ахæм истæмæй æнæницы дохтыр, цæмæй дæ зæрдæ барухс уа, фæлæ дын зæрдæрисынæн зæгъдзæн: «Дæ низ у æвзæр низ, махмæ йын хос нæй». Адæймаг æвзæр ныхас – рыст ныхас, тарст ныхас куы фехъусы, уæлдайдæр дохтырæй, уæд уый у маргæй фыддæр, æмæ лæг фесæфы йæ адзалæй раздæр. Лæгъз ныхас та у сой, хуры тын, цъæх арвы рухс, цин, фынг, базырджын маргъау, фидар, æндон, къæдзæхау бæрзонд. Лæгæн фесæфы йæ низ, æмæ куы рацæуы дохтырæй уынгмæ, уæд кафынтыл схæцы, - зилдух кæны, цины уылæнты зары, цыма ногæй райгуырд, цыма ныр федта фыццаг хатт цъæх арв, мæргъты зæланг зард, ратæх-батæх кæны цъæх арвы хъæбысы. Уыдæттæ йын сарæзта иу ныхас: «Тæссаг низ дæм нæй», «Ницы дæм ис ахæмæй».
Æз куы рацыдтæн дохтырæй, уæд къæлидоры тынг бирæ адæм лæууыд рады Хъыбызы-фыртмæ, уыдон дæр тынг бузныг уыдысты ацы дохтырæй. Иу сылгоймаг йæ чызгимæ лæууыд, Гобайты Маринæ схуыдта йæхи, æмæ мын афтæ, мæ чызджы, дам, мын сдзæбæх кодта Таймураз. Æппæт уыцы рынчынты номæй арфæ кæнын Хъыбызты Таймуразæн, мæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, стыр цардамонд. Хуыцауы хорзæхтæй хайджын уæд!

МÆЗАТЫ Таймураз, Беслæныхъæуы ветеранты Советы хайады сæрдар, Рахиз фарсы стыр ныхасы уæнг.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях