Главная - Новости Беслан

13/10/2020 Конкурс рабæрæг кодта хуыздæртæй хуыздæрты

Иры номдзыд фырт Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон нæ республикæйы æрвылаз кадджын уавæры бæрæггонд æрцæуы – поэзийы бæрæгбон саразынц рæвдауæндæтты, скъолаты, астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Бакæсынц Къостайы æнæмæлгæ поэтикон уацмыстæ, бацæттæ кæнынц инсценировкæтæ æмæ а.д.
Ацы аз октябры мæйы адæм цыма цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц, уыцы æнæхайыры низ сын сæ удты тас бауагъта. Æнæхъæн уалдзæг цыма ахæстоны фæбадтысты, æмæ та ныр дæр, Хуыцау бахизæд, фæлæ ахæм рæстæг ма скæнæд. Уыцы тасмæ гæсгæ Къостайы гуырæнбон дæр рагацау бæрæг кæнын райдыдтой. Раздæр куыд фехъусын кодтам, афтæмæй районы ахуырады управленийы рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты ‘хсæн сарæзта конкурс, уым сабитæ сæ арæхстдзинад раргом кодтой.
Майрæмбоны та Къостайы кадæн конкурс «Ирон фæндыр»-ы архайдтой Рахизфарсы районы скъолаты ахуырдзаутæ. Арæзт æрцыд Беслæныхъæуы фæндзæм скъолайы. Æрмæст Раздзоджы минæвæрттæ нæ ‘рбацыдысты – районы ахуырады управленийы ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныййарджытæ тæрсынц ног коронавирусы инфекцийæ. Æмæ сæ бамбарын дæр æмбæлы..
Жюрийы уæнгтæ Хъуысаты Эммæ, Дзуццаты Фатимæ - районы ахуырады управленийы ресурсты центры сæргълæууæг, Цыдаты Розæ - Заманхъулы рæвдауæндоны сæргълæууæг, Бадзиты Аллæ – районы рæвдауæндæтты ирон æвзаджы ахуыргæнджыты методикон иугонды сæргълæууæг, Къубалты Зинæ, районы Ныхасы нымæрдар ахуырдзаутæн аргъ кодтой се ‘ддаг бакастæн, сæ артистизмæн, уацмыс аив бакæсынæн. Куыд иннæ азты, афтæ ныр дæр конкурсы архайджытæ сæхи хорз бацæттæ кодтой, бæрнондзинад равдыстой. Бирæ рæсугъд ныхæстæ зæгъын æмбæлы, куыд скъоладзауты, афтæ сæ ахуыргæнджыты тыххæй дæр. Бæрæг у, нæ æрдхæрæны поэтмæ цы цæстæй кæсынц, уый.
Жюрийæн зын уыдис хуыздæрты ‘хсæн хуыздæрты равзарын. Фыццаг бынат саккаг кодтой Берозты Елизаветæйæн (дыккæгæм скъола, ахуыргæнæг - Цхуырбаты Жаннæ) æмæ Хъуыдахъаты Ангелинæйæн (Заманхъул, Гуыбиаты Риммæ); дыккаг бынат бадих кодтой Хуыбиаты Ибрагим (æхсæзæм скъола, Дзгойты Валентинæ) æмæ Гæджиты Аринæ (цыппæрæм скъола, Тогъуызты Эммæ); æртыккаг бынат – Хъесаты Батрадз (Зилгæ, Дзиойты Зæлинæ), Хъæрджынты Лаурæ (Хуымæллæг, Цæллаггаты Иринæ) æмæ Токмайты Беллæ (æвдæм скъола, Гæбæраты Риммæ).
Уæлдæр ранымад ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн радтой кады гæххæттытæ.
Конкурсы республикон къæпхæны нæ районы кад хъахъхъæндзысты Берозты Елизаветæ æмæ Хъуыдахъаты Ангелинæ. Уæлахизимæ сæм æнхъæлмæ кæсæм!

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях