Главная - Новости Беслан

13/05/2016 ÆНÆМÆЛГÆ У БÆТÆХЪОЙЫХЪÆУККÆГТЫ  КАД

Æрвылаз куыд вæййы, афтæ та ацы рæсугъд уалдзыгон бонты æппæт Уæрæсейы адæм бæрæг кодтой Уæлахизы бон. Кæд азтæ цæуынц, уæддæр никуы ферох уыдзысты, нæ адæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты лæгдзинад чи равдыста, зæххы къори фашизмы цагъары къæлæтæй чи фервæзын кодта, уыцы сахъгуырд хъæбултæ.

Уæлахизы азфысты сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты нæ чысыл Ирыстоны хæстонты нæмттæ дæр. Иуæндæс æмæ æртиссæдз азы размæ уалдзыгон бон нæ адæммæ æрцыд Уæлахиз. Циндзинад ивылд дардыл, фæлæ, хъыгагæн, цас æмæ цас уыдысты, нæ ирон зæхх, йæ бинонтæ фенынмæ бæлгæйæ хæсты быдыры йæ адзал чи ссардта, уыдон.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Уый сын байста сæ амонд, сæ рæсугъд фæндтæ, сæ бæллицтæ…
Æнæмæлгæ у хæстонты кад. Нæ чысыл Ирыстонæй цыфыддæр знаджы ныхмæ хæцынмæ ацыд 90 мин адæймаджы. Уыдонæн сæ фылдæр сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.
Бæтæхъойыхъæуæй 250 адæймаджы араст сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. 137-ды номыл сæ бинонтæ райстой сау гæххæттытæ. Бирæтæ дзы фесæфтысты æнæбæрæгæй… Æртыгай æфсымæртæ нал сыздæхтысты Ходы, Алыккаты, Доййаты, Дзиуаты, Дамзаты, Джериаты, Къубалты, Сартуаты, Бигъаты, Касаты, Хуымарты, Плиты, Æгкацаты бинонтæй.
Ирыстоны сахъгуырдтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлдай хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдонæй 35 адæймаджы райстой инæлары цин, 72 адæймагæй фылдæрæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатырты ном, уыдонæй 10 адæймаджы уыдысты Рахизфарсы районæй.
Уыцы номхыгъды æхсæн ирдæй бæрæг дарынц Бæтæхъойыхъæуккæгтæй æртæйы мыггæгтæ, кæцытæ сæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинадæй канд сæ хъæуæн нæ, фæлæ æгас Ирыстонæн дæр кад æмæ намыс скодтой.
Ивгъуыд хуыцаубоны, 8 майы, сын сæ номыл хъæуы астæу байгом кодтой мемориалон цыртдзæвæнтæ. Ацы ран уыцы бон адæмæй къах бавæрæн нал уыд. Æрбацыдысты Республикæйы ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Бедойты Руслан, нæ районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Беркъаты Константин, Парламенты депутаттæ Гуытъиаты Вячеслав, Уататы Зелим, Мрыкаты Аслæнбег, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, районы ветеранты Советы сæрдар Калоты Анатолий, хайад «Иры Стыр Ныхасы» сæрдар Томайты Савелий, хъæуты администрациты сæргълæуджытæ, мыггæгты минæвæрттæ, хъæубæстæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ...
Номæй-номмæ сæ хъайтарты сгуыхтдзинæдты тыххæй лæмбынæг радзырдтой мадзал амонджытæ Гутонаты Зæринæ æмæ Джериаты Эдуард.
Æртæ мыггаджы номæй мадзал бацæттæ кæнджытæн раарфæ кодтой Плиты Таймураз, Бзарты Ибрагим æмæ Ходы Валодя.
Сæ хъуыдытæ ма загътой Беркъаты Константин, Алыккаты Уырызмæг, Бедойты Руслан, десантты Цæдисы сæрдар Дзусаты Руслан, скульптор Ходы Микъала, Бæтæхъойыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Цъыккаты Артур.
Хъæубæсты хистæр Татраты Уырысхан раарфæ кодта, ацы диссаджы хъуыддаджы йе 'ххуысы хай чи бахаста, уыдонæн.
Хицæн арфæйы ныхæстæ загътой районы ветеранты советы раздæры сæрдар Габеты Семены номыл (рухсаг уæд!): æппæты фыццаг ацы æртæ хъайтарæн бюстытæ сæвæрыны хъуыды уымæ фæзынд. Арæх хатыд уæлдæр хицауадмæ, йæ уд хъардта, цæмæй ацы хъуыддæг сырæза. Семены бæллицц абон сæххæст, фыццаджыдæр, Алыккаты Уырызмæг, Ходы Микъала, Базраты Валентин æмæ Георгий, Уататы Зелим, Беркъаты Константин, Киситы Мурат, Джиоты Раман, Кцойты Герман, Кокуаты Тамерлан, Кудзаты Аслан æмæ Цъыккаты Артуры руаджы. Чысыл нæ бакуыста хъæуы Ныхасы сæрдар Джериаты Шамил дæр, цæмæй ацы хъуыддаг сырæза, ууыл. Арæх уынаффæ кодта хъæуы хистæртимæ æмæ уæлдæр хицауадимæ.
Стыр куыст бакодтой цыртдзæвæнты алыварс саив кæныныл хъæуы фæсивæд.
Бузныг ма зæгъын хъæуы амы культурæйы хæдзары сæргълæууæг Къубалты Фатимæ æмæ скъолайы организатор Гутонаты Ларисæйæн, кæцытæ бацархайдтой, мадзал цæмæй цымыдисаг æмæ нывыл ацæуа, ууыл.
Йæ хъæбатыр æмхъæуккæгты ном ма йæ зарæгæй сæнусон кодта Дзодзиты Цæра. Уыцы бон æй фыццаг хатт азарыдысты районы культурæйы Галуаны зарæггæнджыты къордимæ.
Бæтæхъойыхъæуы цæрджытæ стыр сæрыстырæй мысыдысты сæ хъæбатырты, сæ хæстон æхсарджын лæппуты нæмттæ, кæцытæн æнафоны арвыл стъалы куыд атæхы, афтæ цыбыр уыд сæ цардвæндаг. Ферттывтой æмæ айсæфтысты… О, фæлæ сæ рухс нæмттæ цæрдзысты æнустæм!

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУБАЛТЫ Зинæ. Авторы ист къам.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях