Главная - Новости Беслан

17/10/2014 Рахизфарсы  район сæмбæлд  Къостайы юбилейыл

Куыд æппæт Ирыстоны, афтæ Рахизфарсы район дæр азы райдианæй нырмæ йæхи цæттæ кодта Хетæгкаты Къостайы 155 азы юбилеймæ. Скъолаты, рæвдауæндæтты, культурæйы артдзæстыты цыдис егъау куыст 15 октябрыл ифтонгæй сæмбæлыны тыххæй. Къуырисæрæй абонмæ районы арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ Ирыстоны номдзыд фырты кадæн. Поэт, публицист, нывгæнæг, революцион демократ, рухстауæг, мæгуыр адæмы сæрхъуызой æмæ ма бирæ æндæр алыхуызон дзырдтæ зæгъын æмбæлы Къостайы сурæт раргом кæныны тыххæй, æмæ уыдон дæр фаг нæ уыдзысты.

Фарныхъæуы рæвдауæндоны мах цытæ федтам, уыдон царциатæн дзуринаг сты! Сæрмагондæй бузныг зæгъын хъæуы коллективæн, йæ сæргъы Пухаты Татьянæ, афтæмæй. Сабитимæ иудадзыг куыст кæй цæуы, уый дызæрдыггаг нæу. Рæсугъд ирон æвзагæй дзурынц, цы æрмæг равдыстой, уымæ къухбагæнæн нæ уыд – раст чысыл артисттæ! Фатимæйы монолог куы каст Боциты Каринæ, уæд нæ зæрдæтæм афтæ арф бахъардтой Къостайы ныхæстæ, афтæ аив дзырдта чызг, æмæ нæ цæссыгтæ асæрфтам! Уыййас хъуыды та куыд ныккодта! Дзамболаты сурæт дæр æгъуыз нæ рауад, Дзампаты Батрадз æцæг лæгау йæхи бавдыста йæ алы уæнджы фæзылдæй, хъæлæсы уагæй.
Икъоты Гермæн бакаст «Уасæг», Гадзацаты Лерæ – «Гино», Кокуаты Таймураз – «Фыдуаг», Кочиты Амыран æмæ Гадзацаты Заур – «Скъолайы лæппу», Хетæгкаты Викæ, Гадзацаты Заур, Цъæхилты Геор – «Бирæгъ æмæ хърихъупп», иронау æмдзæвгæ диссаджы аив радзырдта уырыссаг лæппу Руслан Шудрик. Ацы сабитæ скъоламæ абон дæр цæттæ сты, æмæ рæвдауæндоны кусджытæ гыццыл арфæтæ нæ райсдзысты ахуыргæнджытæй.
Къостайы юбилеймæ æрмæст рæвдауæндоны кусджытæ нæ цæттæ кодтой сабиты, фæлæ сын ахъаззаг æххуыс бакодтой ныййарджытæ дæр. Къостайы сфæлдыстад бирæвæрсыг у, æмæ куыд нывгæнæг, афтæ дæр æвдыст æрцыд. Æрмæст оригиналон хуызы – йæ конд нывтæ «Дурсæтджытæ» æмæ «Дон хæссынмæ» раст цыма райгас сты - Къоста хохаг цардæй цы ирд нывтæ скодта ахорæнты руаджы, уыдон нæ разы слæууыдысты удæгас адæймæгты хуызы, æмæ уыдонæй диссагдæр адæймаг цæмæ ‘ркастаид! Нывы сурæттæ сарæзтой ныййарджытæ æмæ сабитæ. Сывæллæттæ бавдыстой сæ арæхстдзинад кафын æмæ зарынæй дæр.
Тынг мидисджын, хъæздыг рауад Фарныхъæуы рæвдауæндоны Къостайы кадæн арæзт мадзал, бирæ хъарутæ бахардз кодтой йæ саразджытæ Пухаты Татьянæ, хъомылгæнæг Чеджемты Иринæ, кæцы у дæсны нывгæнæг дæр, музыкалон разамонæг Чекойты Светланæ, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Кучиты Фатимæ. Æвæццæгæн, арфæ ракæнын хъæуы коллективы иннæ уæнгтæн, стæй ныййарджытæн дæр, уымæн æмæ алчидæр йе ‘вæрæн бахаста иумæйаг хъуыддагмæ. Бузныг сын зæгъæм мах, арфæ сын ракодта районы ахуырады управленийы номæй ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ дæр. Загъта Къостайы сфæлдыстады ахадындзинады, нæ царды цы стыр бынат ахсы, уый тыххæй, бафæдзæхста сын, уарзут Къостайы, ирон дзырд, зæгъгæ, стæй сын байуæрста адджинæгтæ. Залы фæлгонцад, сабиты æдде бакаст, сæ цæттæдзиад – ам алцыдæр дзурæг у ууыл, æмæ Фарныхъæуы Къоста, стæй ирон æвзаг, ирондзинад бæрзонд æвæрд кæй у.

Беслæныхъæуы Культурæйы галуаны Къостайы райгуырæн бонмæ бацæттæ кодтой æркаст «Ирон аив дзырды дæснытæ», архайдтой дзы районы хъæуты культурæйы артдзæстыты минæвæрттæ. Галуаны чысыл залы æркасты архайджытæ равдыстой скъуыддзæгтæ поэты драматургион уацмыстæй, аив кастысты йе ‘мдзæвгæтæ, азарыдысты Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ. Æркаст амыдта Дзæрæгæсты Алинæ. Культурæйы галуаны артисттæ дæр бæрæгбоны программæйы хъæздыгдзинадыл бацархайдтой - героикон зарæггæнджыты къорд азарыд цалдæр зарæджы, фæндырдзæгъдджытæ æмæ вокалон–инструменталон ансамбль «Амонды суадон» залы бадджытæн балæвар кодтой сæ аивад. Æркасты нæ вæййы уæлахиздзаутæ, æппæт архайджытæ дæр раппæлыны аккаг сты, сæ цæрæнбон бирæ.

Беслæныхъæуы фынддæсæм специализацион рæвдауæндон дæр бабæрæг кодтам. Къостайы бæрæгбонмæ ардæм æрбахуыдтой районы Ныхасы сæрдар Томайты Савелийы, районы ветеранты Советы сæргълæууæг Габеты Семены, уыдоны æмкусджыты, ныййарджыты. Ам уазджыты æрбацыдмæ æрмæст поэты æмдзæвгæтæ, йе ‘мдзæвгæтыл фыст зарджытæ нæ бацæттæ кодтой сабитæ – коллектив нæртон фынг æрæвæрдта. Сывæллæтты дыууæ къорды уазджыты размæ рахастой концертон программæ - бавдыстой сæ арæхстдзинад, ахъазыдысты сценкæты, поэты сфæлдыстады сывæллæттæн фыст уацмыстæ радзырдтой. Бацæттæ сæ кодта рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг Токаты Зæлинæ.
Дзаг фынгмæ, дам, нарты Сослан дæр нæ лæууыд, æмæ кæронбæттæны Томайты Савели æппæты номæй арфæ ракодта фысымтæн, сабитæн, нывæфтыд гаджидау бæгæныйæ хъуамæ Хуыцаумæ дæр фехъуыстаид, æмæ сæ бæрæгбоны хорзæх уæд, Къостайы кады аккаг куыд уой, ахæм лæгтæ сæ рауайæд!

Хетæгкаты Къостайæн Ирыстоны цыртдзæвæнтæн сæ рагондæр у, Беслæныхъæуы БМК-йы микрорайоны 1937 азы æвæрд чи ‘рцыд, уый. Алы аз дæр традицимæ гæсгæ ам æрæмбырд вæййынц горæты скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ. Æндæрæбон, 15-æм октябры, цыртдзæвæны размæ фылдæр адæм æрбацыд. Скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, сабитæ æд хъомылгæнинæгтæ, районы Ныхасы, ветерантæ æмæ сылгоймæгты советты минæвæрттæ, Беслæныхъæуы цæрджытæ. Æрбацæуджыты къухты –дидинджыты бæстытæ.
Районы ахуырады управлени, ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ вæййынц бæрæгбоны амидингæнджытæ. Ацы аз Эммæйы фарсмæ æнгом æрбалæууыдысты БМК-йы Фæсивæды галуаны аивадон къордтæ, сæ разæй директор Лидия Шевелева, афтæмæй. Алы скъолайы, рæвдауæндоны минæвар дæр поэты æмдзæвгæтæй иу бакаст, стæй БМК-йы рæзгæ фæсивæд – адæмон ансамбль «Амонд»-ы архайджытæ акафыдысты «Симд». Ацы коллективæн разамынд дæтты нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Малиты Анатоли, фæндырдзæгъдæг – Золойты Тиминæ.
Дарддæр бæрæгбоны архайджытæн «Къостайы зарæг» акодта Æгайты Лейлæ. Уый уыд зарæджы премьерæ – ныффыста йæ Цогойты Альбинæ, мелоди та - Дзодзиаты Реганæ. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд.
Районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели фæсидт сывæллæттæм, цæмæй уарзой сæ райгуырæн бæстæ, сæ мадæлон æвзаг Къостайау, кæцыйы руаджы Ирыстон абон зонынц æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ дард фæсарæнты дæр.
Дарддæр бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой.
Юбилейы кадæн арæзт мадзæлттæ цæудзысты къуырийы кæронмæ, стæй аз дæр Мамсыраты Таймуразы хъæппæрисæй Къостайы аз кæй у, уый уæ рох ма уæд, зынаргъ газеткæсджытæ. Кæсут ын йæ уацмыстæ – зонды суадæттæ сты, дарут сæ уæ зæрдыл, йæ рухс хъуыдытæй зонут пайда кæнын.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях