Главная - Новости Беслан

2/02/2017 ДЖЫККАЙТЫ ШАМИЛЫ МЫСГÆЙÆ

Джыккайты Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 25 февралы 1940-æм азы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ ‘рцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.
Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964-æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000).
Шамил канд поэт нæ уыд, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (1917—1956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.
Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.
2012-æм азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ’хсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр. Хатæнæн йæ иннæ кæрон къулыл ирон æмæ уырыссаг кълассикты хуызистыты бынмæ скъапыты æмæ стъолтыл Шамилы сфæлдыстад æнæхъæнæй: чингуытæ, уацтæ, наукон куыстытæ. Къултыл — йе ’мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ.
Æцæг поэт, æцæг адæймаг намысимæ куы цæуа литературæйы сыгъдæг галуанмæ, уæд уый стыр фарны хабар у. Ахæм адæймаг уыдис зындгонд ирон драматург, поэт, фыссæг Джыккайты Шамил. Фыссæгæн йæ хъуыдытæ уыдысты йæ уарзон адæмыл, нæ мадæлон æвзаылг, ирон культурæ æмæ фыдæлты намысыл. Мæнæ куыд фыста иу рæстæг:
«Æз цæрæнбонты табу кæнын ирон дзырдæн, уый у мæ зæды хай, уый у мæ удылхæцæг. Цы зæгъын, уый стыр ныхас нæу, уый мæ хъысмæт у… Ацы аз ирон факультетмæ æрбацыд ахуырдзаутæ, цас хъæуы, уымæй æмбис къаддæр. Ахæм цæф мыл никуыма сæмбæлд, асаст мæ астæумагъз, цуды мæ ныфсы мæсыг. Мæнгæн нæ уасыд сау халон… Мæ цард цы хъуыддагыл бахардз, уый сæфы мæ цæсты раз. Æз дæн трагикон уавæры, уæлион зындоны...».
2011-æм азы 26 майы Джыккайты Шамиль фæмардис уæззау цæфтæй фыдгæнæджы къухæй.
Шамил цæрæнбонты цæрдзæн нæ зæрдæты æмæ йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ, æнæмæнг, зона Шамилы сфæлдыстад, уымæн æмæ йæ уацмысты ирдæй зыныц нæ истори, нæ фыдылты цард, нæ талынг, зианхæссæг æгъдæуттæ, нæ фарн æмæ æгъдау, нæ намысджын тох.
Уыдæттыл дзурæг у дæлдæр цы æмдзæвгæ бакæсдзыстут, уый дæр.
ДЫУУАДÆС ДЗЫРДЫ
Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты... Уæддæр
Дыууадæс дзырды – се ’ппæтæй хуыздæр.
Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн ЦАРД,
Йæ фидауц уымæн – арвы стъæлфæн – АРТ.
Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД,
Цæуы йæ армæй адæмыл БÆРКАД.
Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц – ФАРН,
Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин – ÆФСАРМ.
Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр – ХÆЛАР,
Ыскæны мах Хуыцауы ’мсæр ÆХСАР.
Лæджы нысан – СÆРИБАР æмæ КАД.
Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД.
Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, –
Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.
Æрмæг æрæмбырд кодта

Вестник Беслана

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях