Главная - Новости Беслан

29/07/2014 НАЙГÆНÆНТÆ. Тыллæгфснайæн куыстытæ сæ тæмæнтæ бацыдысты

Кæд æрдзон уавæртæ цæлх-дуртæ æвæрынц зæхкусджыты ныхмæ, уæддæр æнцад нæ бадынц, архайынц сæ фæззыгон хортæ афоныл æмæ æнæсæфтытæй бафснайыныл. Куыд цæуы ацы ахсджиаг куыст, зæгъгæ, районы администрацийы хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Туаты Зелим (къамы) æмæ газеты уацхæсджытæ бабæрæг кодтой хæдзарадты.

Плиты Иссæйы номыл колхоз

Нæ фæндаг райдыдтам колхозы мусæй. Барæны раз чысыл агъуысты гæххæттытæй дзаг стъолы фарсмæ бадт сæйраг экономист Хæмæтхъуаты Жаннæ. Уыд æнæвдæлон, цыдæртæ нымадта, фысгæ дæр-иу акодта. Мах æй нæ фарстаты бын куы фæкодтам, уæд иучысыл рæстæг йæ куыст фæуагъта. Уæдмæ нæ размæ æрбацыд хæдзарады сæрдар Кæсæбиты Барис æмæ нын дыууæйæ сæ хорæфснайæн куыстыты хабæрттæ радзырдтой.

Хуымæллæггæгтæм фæззыгæндтæ конд ис 200 гектары. Уыдонæй 20 гектары уыдысты хъæбæрхорæн дихгонд. Йæ афоныл æй æрнай кодтой, гектарæй систой 30 центнеры. Кæд иу комбайнæй архайынц механизатортæ стæй сæ къæвдатæ тыхсын кодтой, уæддæр сæ мæнæуы хуымтæ дæр æфснайд фæцæйфæуд кодтой. Ацы хуызы хорæй дæр гектарæй рæстæмбис нымадæй най кæнынц 30 центнеры.

Сыгъзæрины хуызæн хор мусы æфснайд кæрты хурмæ калдæй адæймаджы цæстæн æхсызгондзинад хаста. Кусджытæ Киситы Азæ æмæ йæ Гæбæдтаты Нателлæ (къамы) рæстæгæй-рæстæгмæ сæ белтæй арафæлдах-бафæлдах кæнынц, цæмæй хуыздæр хус кæна, уый тыххæй. Кæрты иннæ кæрон та рæсугъд амадæй лæууыд дæргъæй-дæргъмæ хъæмпы рагъ.

— Ахæм хъæмпы рагъ ма нæм ис бригады кæрты дæр. Куыд æфснайæм мæнæу, афтæ йæ Гуыдиаты Руслан йæ прессподборщикæй тыхтæтты бæтты æмæ йæ Хуыгаты Армен, Хъуылаты Аким, Дулаты Саукуыдз, Киситы Руслан ласынц æмæ рæгъты амайынц, — радзырдта нын колхозы сæрдар.

Колхозы мусы ма уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæй дарддæр цыдысты цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстытæ. Бындуронæй зылдысты сæ хордæттæм. Ацы хæдзарад фæстаг азты бакусы æфтиæгтимæ. Уый хорзырдæм зыны йæ кусджытыл æмæ колхозæн йæхиуыл дæр. Алы мæй дæр рæстæгыл райсынц сæ мызд. Механизатортæн рæстæмбис нымадæй быдырон куыстыты афон схизы 30-35 мин соммæ, хайджын вæййыц хæдзарады бæркæдтæй дæр. Уымæй уæлдай колхозæн нæй паддзахады размæ хæстæ фидинаг. Фæстаг æртæ азы дæргъы балхæдтой 18 милуан сомы аргъ техникæ. Кæд-иу раздæр курæггаг трактортæй, зæхкусæн агрегаттæй амæлттæ кодтой, уæд абон хорæфснайæн комбайн цух йеддæмæ ницы хъуаг сты.

Хуымæллæггаг зæхкусджытæм фæззыгæндтæй дарддæр конд ис 700 гектары хæрзмыггаг («Пионер») нартхор, 50 гектары æхсынæн. Æвзартæ сты хæрзгуыст, хæрззылд. Афоныл сæм æрцыд хъацæнтæ хаст, хæмпæлгæрдæджы ныхмæ – гербицидтæ. Амы колхозонтæ дыккаг хорæфснайæнты дæр хъæздыг тыллæг кæй сисдзысты, уый сæ уынд æмæ уавæрæй бæрæг у.

Хъæууонхæдзарадон-куыстадон кооператив «Ирбис»

Мæнæуы хуымы дынджыр фæзуаты æмызмæлд кодта хорæфснайæн техникæ. Æртæ быдырон науы уæззаугай дыууæрдæм кодтой йæ иу кæронæй иннæмæ. Мæнæ дзы иуæн йæ бункер айдзаг æмæ хор сæх-сæхæй æркалдта машинæйы гуыффæмæ (къамы). Уыцы царды рæсугъд ныв сисæм, зæгъгæ, йæ разы нæ хæдтулгæ фæурæдтам. Цыма йæ фыццаг хатт уыдта, афтæ йæм чысыл дарддæрæй æдзынæг каст кооперативы директор Сокаты Батраз дæр. Цалынмæ къамтæ истам, уæдмæ комбайн равдæлон æмæ та мæнæуы хуымы размæ атындзыдта, йæ фæстæ хъæмп уадзгæ. Мæнæу машинæ хордонмæ аласта. Уым æй хорсыгъдæггæнæн агрегаттæ дымгæмæ сдарынц, фæхицæн æй кæнынц æнæхъæугæ буарыгъæдтæй.

— Сæрæн æмæ хæрзхъæд куыст кæнынц нæ комбайнертæ Кебековты Рустам æмæ Расул стæй Абайты Руслан. Архайынц хор æнæсæфтытæй сисыныл. Куыд нымайæм, афтæмæй уал гектар дæтты 38 центнеры. Къæвдатæ нæ нæ бауагътой афоныл фæллой æрнай кæнын, æндæр фылдæр бæрæггæнæнмæ æн- хъæлмæ кастыстæм, — загъта нын кооперативы размонæг.

Комбайнты фæстæ рæвдз æвналынц механизатортæ сæ пресс-подборщиктæй хъæмп джиппыты бæттынмæ. Иннæ кусджытæ сæ машинæтæм авгæнынц æмæ сæ хæдзарад цы ног хосæфснайæн бæстыхай сарæзта, уым рæгъты амайынц. Ныридæгæн уал сæ рæбыны æрæфснайдтой сæ фосæн ацы хуызы холлагæй мин тоннæйæ фылдæр.

Кооперативы мæнæуæй (513 гектары) дарддæр конд ис 100 гектары уалдзыгæнд хъæбæрхор, 100 гектары – сысджы, 50 гектары – рапс, 60 гектары – соя, 700 гектары – нартхор. Се ‘ппæт дæр æрзадысты тынг хорз, тыллæджы бæрæггæнæнтæ æвзæр кæй нæ уыдзысты, уый дызæрдыггаг нæу.

Хъæууон-хæдзарадон кооператив «Ирбис» дæс азы размæ æрбынат кодта ам, Орджоникидзейы номыл колхозы быдыртыл. Зæгъæн ис, гом арвы бын-иу лæууыдис йæ кусæн техникæ. Ныр йæ къабæзтæ фæйнæрдæм аивæзта, куыст раст арæзт æрцыд, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ директор Сокайы фырты разамындæй, æмæ азæй-азмæ хъæздыгдæр кæны.

Абон хæдзарад æрмæст зæххы куыст нæ кæны, фæлæ рапарахат кодта фосдарынады къабаз дæр. Сæ фосы нымæц (хъæлмыхъхъаг мыггаг) схæццæ 720 сæрмæ, уыдонæй 140 сты дыгæрдгуытæ, ныртæккæ зайын райдыдтой æмæ уал сæм 55 роды фæзынд. Фос сты хæрзхаст, дæрзæг æмæ æмхæццæ холлæгтæ, æнтыд, дон сын лæвæрд цæуынц парахатæй. Цæттæ сын сæ кæнынц фосдарджытæ сæхæдæг. Уæдæ цы скъæтты баст сты, уым фосдарджытæн цæмæй æнцон уа, ууыл дæр хæдзарады разамынд рагацау тыхстысты. Зымæг скъæттæ вæййынц хъарм, сæ рудзгуытæ сты пластикæйæ конд, куыстытæ æххæстгонд цæуынц механизацигонд фæрæзты фæрцы.

Кооперативы кусджытæ рапарахат кæнынмæ хъавынц мæргътæ дарыны куыст дæр. Ныртæккæ уал балхæдтой 120 карчы. Сæ нымæц сын тагъд 1000 сæры онг скæндзысты, уымæй уæлдай балхæндзысты гогызтæ. Аразынц сын кæм сæ дарой, ахæм кæркдæттæ.

Хæдзарады кæрты фидауц уыдысты хъалхуызæй дзы цы хъæддаг сæгътæ рацу-бацу кодтой, уыдон. Ацы хуызы фосæн дæр куыд фæстæмæ сæ нымæц фылдæр цæмæй фæуа, ууыл архайдзысты.

Уыдæттæ иууылдæр арæзт цæуынц, цæмæй кооперативы кусджытæ мацы хъуаг æййафой, уый тыххæй. Кæд сын ныртæккæ дæр ис æппæт фадæттæ фæллойæн, хæринаг сын у лæвар, уым чи цæры уыдонæн ма ис сæ фæллад уадзынæн, сæхимæ базилынæн, сæ дарæс ныхсынæн æмбæлгæ уавæртæ, уæддæр хæдзарады разамындмæ уыдон фаг нæ кæсынц, архайынц ноджы хуыздæр сын сæ фæкæныныл. Ацы хæдзарады кусджытæ дæр, хуымæл- лæггæгты хуызæн æрвыл мæй сæ мызд исынц афоныл. Вæййы сын чи куыд кусы, уымæ гæсгæ – 15 минæй — 40 мин сомы онг.

Цы дыууæ хæдзарады бабæрæг кодтам, уыдоны фæллойæ нæ зæрдæтæ барухс сты. «Ирбис»-ы чысыл бæлæсты фыццаг дыргътæ Сокаты Батразæн цы æхсызгондзинад лæвæрдтой æмæ сыл куыд цин кодта, мах дæр фæстæмæ афтæ хъæлдзæгæй здæхтыстæм — се ‘нтыстдзинæдтыл сын цин кодтам.

gazetabeslana.ru

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях