Главная - Новости Беслан

28/05/2015 Беслæныхъæуы Уастырджийы кувæндоны равзæрд æмæ йæ арæзтады тыххæй цыбыр историон æрмæг

Нудæсæм æнусы кæрон (кæцы аз, уый бæрæг нæу) Тырсыгомæй рацæугæ Уыртаты фондз æфсымæры æрцардысты Беслæныхъæуы æмæ семæ сæ фыдæлты кувæндон Таранджелозы бынæй, урс хъуымацы тыхтæй, рахастой зæхх-сыджыт. Беслæныхъæуы хурыскæсæн фарс равзæрстой, сæхицæн кувæндон кæм скæной, ахæм бынат, æмæ cæ зæхх-сыджыт уым ныккодтой, сарæзтой дзы обау æмæ йын йæ алыварс ныссагътой бæлæстæ.

Афтæ Уыртаты фондз æфсымæры Беслæныхъæуы сарæзтой cæ фыдæлты кувæндон Таранджелоз. Уымæй фæстæмæ алы аз дæр хуымгæнæны мæйы - апрелы 3-аг цыппæрæмы йæ бынмæ цыдысты куывды.

Уæхæдæг куыд зонут, афтæмæй 20-æм æнусы райдиан 1917 азы Уæрæсейы паддзахы аппæрстой æмæ аразын райдыдтой ног царды уаг, социализм. Ног паддзахады хицауад дингæнæг адæмы кувын нал уагътой, аргъуантæ æмæ кувæндæттæ халын райдыдтой, бацæуын сæм нал уагътой. Беслæныхъæуы Таранджелозы кувæндон дæр фехæлдтой, йæ обау ын бахуым кодтой. Советон паддзахад 74 азы фæстæ, 1991 азы, хæлд æрцыд, демократион тыхтæ коммунистон партийы аппæрстой æмæ аразын райдыдтой демократион паддзахад - капитализм.

Дингæнæг адæмæн кувыны бар радтой, æмæ кувæг адæм цæуын райдыдтой аргъуантæ æмæ кувæндæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, 74 азмæ аргъуантæ æмæ кувæндæттæ заууаты уавæрмæ æрцыдысты. Æмæ кувæг адæм ногæй бавнæлдтой аргъуантæ æмæ кувæндæттæ аразынмæ. Ацы хъуыддаджы Беслæныхъæу дæр фæстейы нæ баззад. 16-æм сентябры 1991 азы хуыцаубоны нæ кувæг адæмы хистæртæ Нугзараты Хадзрæт, Торчынты Батырбег, Тугъанаты Тасолтан, Цъыккаты Ахберд, Уыртаты Микъала, Æлдадтаты Виктор, Дзуццаты Малсæг æмæ Хасæгаты Микъала ацыдысты быдырмæ, Таранджелозы кувæндон кæм уыд, уырдæм, æмæ бауынаффæ кодтой ам ног кувæндон саразын.

Уый фæстæ иннæ хуыцаубоны 23-æм сентябры хистæртæ сæ кæстæртимæ Таранджелозы кувæндоны ног æмбырд сарæзтой, бæлвырд баныхас кодтой арæзтадыл æмæ ныффыстой курдиат Рахизфарсы районы хицауадмæ, цæмæй сын бар радтой, Таранджелозы кувæндон цы хуымзæххытыл уыд, уым кувæндон саразынмæ, стæй кувæндонæн зæххы хай радих кæной.

Уыцы рæстæг районы хицау уыдис Ирыстоны дзæбæхдæр лæппутæй иу, Мамсыраты Дзæмбеджы фырт Таймураз. Цыбыр рæстæгмæ уый кувæндон аразыны бар æмæ дыууæ гектары зæххы хай радта. Афтæмæй кувæндоны арæзтад райдыдта, рæстæгмæ йын уынаффæ кодтой Хасæгаты Микъала, Мамсыраты Камал æмæ Цъыккаты Ахберд. Ног кувæндон арæзтой Беслæныхъæуы кувæг адæмы мысайнаг-æхцайы фæрæзтæй. Ацы хъуыддаджы стыр æххуыс бакодта уæды рæстæджы районы газеты редакцийы хицау Дауыраты Дамир.

Кувæг адæм сæ мысайнæгтæ хастой газеты редакцимæ, Дамир сæ стыр бæрнондзинадæй æмбырд кодта æмæ сæ лæвæрдта кувæндоны арæзтадмæ.

27-æм октябры 1991 азы нæ горæты кувгæ адæм æрæмбырд сты Хасæгаты Микъалайы кæрты. Æмбырды ныхас цыдис, ног кувæндон цы дзуары ном хæсдзæн, ууыл, æмæ кувæндоны бын чи кæстæриуæг кæндзæн, ахæм лæгтæ равзарыныл. Беслæныхъæуы Таранджелозы дзуармæ чи кувы, ахæм адæм цæры тынг гыццыл. Фылдæр адæм кувынц Уастырджийы дзуармæ. Уымæ гæсгæ, рахастой фæндон ног кувæндон цы дзуары ном хæсдзæн, Таранджелозы æви Уастырджийы, ууыл хъæлæс кæнынмæ дыууæ фарстайы:
1 .Ног кувæндон цы дзуары ном хæсдзæн - Таранджелоз æви Уастырджийы, уый равзарын.

2. Кувæндоны бын чи кæстæриуæг кæндзæн, ахæм лæгтæ (дзуары лæгтæ) равзарын.

Æмбырды схъæлæс кæныны уаг æвæрд цыдис сусæг хъæлæсмæ гæсгæ. Фылдæр хъæлæстæ райста Уастырджийы дзуар, уымæ гæсгæ ног кувæндон уыдзæн Уастырджийы дзуары номыл - «Беслæныхъæуы Уастырджийы кувæндон».
Дыккаг фарста, фылдæр хъæлæстæм гæсгæ, кувæндоны бын кæстæриуæг чи кæндзæн - дзуары лæгтæй æвзæрст æрцыдысты: [Хасæгаты Микъала], [Мамсыраты Камал|, Цъыккаты Ахберд, Дзуццаты Чермен, Алыккаты Хасан.

Кувæндоны дзуары лæгтæ сæхи æмбырды хистæр дзуары лæгæй равзæрстой Хасæгаты Микъалайы.

1992 азы июлы (майрæмы) мæйы кувæндон арæзт фæцис, æмæ дзуары лæгтæ хистæртимæ бауынаффæ кодтой 1992 азы августы фыццаг хуыцаубоны Беслæныхъæуы Уастырджийы ног кувæндон байгом кæнын. Уыцы аз, 7 августы, уыдис рæсугъд хур бон, кувæндоны бынмæ, цæстмæ нымадæй æртæ мин адæймаджы бæрц сæ кувинæгтимæ æрбацыдысты куывддоны бынмæ. Акодтой фондз кусарты (галы).
Уымæй фæстæмæ ныр 23 азы алы аз дæр августы фыццаг хуыцаубоны йæ быны вæййы рæсугъд хъæугуывд. Афтæ фæзынд (равзæрд)Беслæныхъæуы Уастырджийы кувæндон. Йæ хорзæх уæ уæд!

Кувæндон саразынæн стыр æххуыс бакодтой уæды Рахизфарсы районы фæндæгтæ аразæн куыстуаты хицау Цырыхаты Хъазыбег], Æфсæн къæйты заводы уæды хицау [Фриаты Хадзы-Мурат|, Зилгæйы агуыридургæнæн заводы уæды хицау Касаты Витали, БМК-йы уæды хицау Бæтæгаты Израил, социалон æххуысады хайады разамонæг Елхъанаты



Кувæндоны бын алы азты кæстæриуæг кодтой: |Коцойты Хъасболат, Бигъаты
Хъазыбег|, |Хъуыдакаты Кипус|, Хъуыдакаты Алош, Æлбегаты Батр[, Бæдуаты Тельмæн, Торчынты Виктор, [Андиаты Мишæ|, Дзæхаты Ауызби, Ходы Батрадз.

Алыккаты Хасан йæ райдианæй абоны онг, ныр 23 азы, кувæндоны бын æнæзæрдæхут кæстæриуæг кæны. Хасаны хъæппæрисæй бæстыхайы арæзт æрцыд бирæ хорз хъуыддæгтæ. Абон Хасан у кувæндоны Советы сæрдар. Хасаны куырыхон уынаффæйæ азæй-азмæ рæсугъдæй-рæсугъддæр кæны.
Абон Беслæныхъæуы Уастырджийы кувæндон Ирыстоны, Хетæджы Уастырджийы кувæндоны фæсæ, у æппæты 'стырдæр, рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр. Æз, мæхæдæг,
Дзуццаты Чермен, кувæндоны бын кæстæриуæг кодтон 20 азы, уыдонæй фæстаг
15 азы хистæр дзуары лæгæй, æмæ 2012 азы мæ кармæ гæсгæ мæ бæрнон куыстæй рацыдтæн. Абон мыл цæуы 87 азы æмæ мæ фæнды, абон дзы чи кæстæриуæг кæны, уыдоны номæй арфæ ракæнын æрмæст Беслæныхъæуæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстоны адæмæн. Ныртæккæ тыхы рæстæг ралæууыд, æмæ хорз уаид, ирон адæм кæрæдзийы фарсмæ æнгом куы 'рбалæуиккой æмæ Æрæфы дон, Æрыдоны дон, Фийагдон, Урсдон æмæ Джызæлы дон сæхи Терчы донимæ куыд æхсызгонæй бабастой, афтæ ирон адæм дæр зонд æмæ хъаруйæ кæрæдзи куы бамбариккой. Стыр Хуыцау æмæ нæ зæдтæ, Уæларвон тыхтæ æмæ Дунейы фарн ирон адæмæн ахæм арфæтæ ракæнæнт! Кувæндоны хорзæх уæ уæд!

ДЗУЦЦАТЫ Чермен

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях