Главная - Новости Беслан

27/03/2015 ТОМАЙТЫ САВЕЛИ –  Беслæны кадджын гражданин

Æрæджы нæ газеты фæрстыл мыхуыргонд æрцыд Беслæныхъæуы минæвæртты Æмбырды уынаффæ, кæцыйы загъд ис: «Рахизфарсы районы Ныхасы сæрдар Томайты Савелийæн лæвæрд æрцæуæд нæ горæты кадджын гражданины ном».
Томайты Савелийы районы цæрджытæ зонынц куыд æгъдауджын, хистæртæн лæггадгæнаг, кæстæртæн зондамонæг, ирон æгъдау, мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл йæ уд чи хъары, ахæм адæймагæй. Рæзгæ фæлтæры ‘хсæн егъау патриотон-хъомыладон куыст кæны, арæх æй фенæн ис скъолаты, архайы алыхуызон мадзæлтты, бацагурынц æй, куыд куырыхон, æгъдæуттæ зонæг, фендджын адæймаг алыхуызон æркастытæм жюрийы сæрдарæй. Томайы-фырты дзырды ис уæз, йæ ныхас кæдфæнды дæр вæййы бынаты, аргъ ын кæнынц куыд Беслæныхъæуы, афтæ районы дæр. Йæ бон иумæйаг æвзаг ссарын у алкæимæ дæр, бирæ хъуыддæгтæ аразы республикæйы иннæ районтимæ фидар бастдзинæдтæ саразыныл.
Знон Томайты Савели хуынд æрцыд Беслæныхъæуы администрацимæ. Ам ын администрацийы сæргълæууæг Хауытаты Гермæн æмæ Беслæныхъæуы минæвæртты Æмбырды сæрдар Сокаты Сослан зæрдиаг арфæ ракодтой, нæ горæты кадджын гражданины ном ын лæвæрд кæй æрцыд, уый фæдыл. Савели ма арфæтимæ райста кадджын гражданины æвдисæндар æмæ æхцайы сертификат .
Ацы хъуыддаг æхсызгон куыд нæ уыдаид Томайы-фыртæн, уый дæр уæздан арфæ ракодта нæ горæты сæргълæуджытæн, стæй иумæ сæ хуыз систой.
Мах редакциимæ дæр Томайты Савелийæн ис æнгом бастдзинæдтæ, æмæ йын зæрдæбын арфæ кæнæм хæрзиуæг райсыны фæдыл.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях