Главная - Новости Беслан

24/12/2014 МЫХУЫРГОНД ÆРМÆДЖЫ ТЫХХÆЙ

Газет «Рахизфарсы цард»-ы æрæджы мыхуыры рацыд æрыгон лæппу Томайты Зауырбеджы фыст æрмæг «Цæмæн нæ хъæуынц «арендæ-хистæртæ», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Автор сагъæсы бацыд, мæт кæны телеуынынады не ‘гъдæутты фæдыл цы æнæзæрдæмæдзæугæ равдыстмæ бакаст «Арендæ-хистæртæ», зæгъгæ, уый фæдыл. Уацхъуыды автор, кæд нырма 25 аздзыд у, уæддæр йæ хъуыдытæ сты раст, ис сæ мидис æвæрд, куырыхон хистæры хъуыдытимæ сæ абарæн ис. Уый фыссы:

— Æз ирон лæппу дæн, цæрын Беслæны, æмæ мæ тынг фæнды нæ ирон æгъдæуттæ, нæ ирондзинад, нæ традицитæ нæ фыдæлтæм куыд бæрзонд æвæрд уыдысты, абон дæр афтæ куы уаиккой, уый. Иугæр уыдон куы фесæфой, уæд ма цæй ирæттæ уыдзыстæм? Æз курын нæ хистæртæй, цæмæй ацы фарстатыл бæстон ахъуыды кæной æмæ сæ рапарахат кæной.

Не ‘хсæн, æвæццæгæн, ахæм адæймаг нæ разындзæн, ацы зæрдæмæхъаргæ ныхæстæм уæлæнгай цæстæй чи ракæсдзæн, аргъ сын чи не ‘скæндзæн. Ацы зæды æнгæс кæстæры хъуамæ бафæзмой нæ иннæ рæзгæ фæсивæд дæр. Æз куыд хистæр, стæй ирон адæймаг, мæхицæн хæсыл банымадтон, ацы кæстæры курдиатæн гæнæн æмæ амалæй аккаг аргъ скæнын æмæ хæссын газеткæсджыты размæ мæ фæндиæгтæ.

Фыццаджыдæр зæгъын æмбæлы уый, æмæ не ‘гъдæуттæ махæй рохуаты кæй не сты, уыдоныл æрвылбон цæуы куыст, куыд республикæйы, афтæ нæ районы «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æгъдæутты комитеты дæр. Не ‘гъдæутты фæдыл æрæджы джиппы рацыд чысыл чиныг «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ».

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ телеуынынад, газеттæ æмæ чингуытæм æгæрон хъомысад кæй хæццæ кæны. Адæймаг телеуынынады цы фены, газетты æмæ чингуыты цы бакæсы, уыдон нымайы æцæгдзинадыл æмæ сыл уый тыххæй баууæнды. Фæлæ, хъыгагæн, иуæй-иу хатт адæймаг фыдæнхъæл фæвæййы, æцæгдзинадыл кæй фæнымайы, уыдон рауайынц мæнг æмæ фæлывд.

Æрæджы арæзт æрцыд телеуынынады равдыст, не ‘гъдæутты фæдыл. Цыдис дзы ныхас, куыд растдæр æвæргæ сты цины фынгыл æртæ кæрдзыны. Равдысты архайджытæй иу сыстад æмæ уæллаг уæливых фæбырын кодта рахизырдæм, дыккаг та галиуырдæм. Цы не ‘мбæлы ахæм æгъдау! Ис ирон адæммæ ахæм фæтк: хистæр куы фæкувы, уæд йæ рахиз къухы хъуамæ уа бæгæныйы къус, йæ галиу къухæй та хъуамæ æндзæва уæллаг уæливыхы кæроныл, æмæ уыцы уæливых хъуамæ уа галиуырдæм чысыл бырынгонд, дыккаг та – рахизырдæм, бинаг уæливыхмæ та æвналын нæ фæтчы, уый хъуамæ йæ бынатæй æнкъуыст ма æрцæуа æппындæр, ахæм у не ‘гъдау.

Телеуынады цы "Арендæ-хистæр"-ыл ныхас цыд, уым дæр мидис нæй æмæ уымæн аипдзинадыл нымад у. Ирыстон рагæй-æрæгмæ дæр хистæрæй кадавар никуы æййæфта. Алы хъæуы дæр ис дзырддзæугæ, куырыхон хистæртæ, кæцытæн бахъуаджы заман, цины æмæ хъыджы рæстæг дæр нывыл æгъдау сæ бон скæнын у, уæд ма цæмæн хъæуы искæйы æххуырсын. Адæймаг ахæм ног- дзинæдтæ куы фехъусы, уæд хъуыдыты аныгъуылы, æмæ йæм сæгуыры фарста, кæцæй ист цæуынц ахæм ног ныхæстæ, зæгъгæ. Уый уый тыххæй у æмæ бирæ-тæ сæхи равдисыны охыл ма цы акæной, уый нал фæзонынц, æмæ уымæн хъуыды кæнынц ног «æгъдæуттæ».

Цы «Арендæ-хистæры» кой цыд газеты, уый та бынтон диссаджы хабар у. Кæй баххуырсынц, уый ирон лæджы ном хæссыны аккаг нæу. Куыд хъуамæ йæ цæсгом бахъæца æхца райсын, Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн сæ ном кæй ссара, уый тыххæй? Худинаг фæуæд фыццаджыдæр æхца чи дæтты уымæн, дыууæ худинаджы та – æхца чи фæисы, уымæн дæр. Ацы ран адæймаджы зæрдыл æрлæууынц нæ номдзыд, дзæнæты бадинаг Къостайы ныхæстæ:

Лæджы хуызæн лæг нæм – стæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм...

Кадмæ бæлгæйæ, æгадæй мæлæм...

Зауырбег раст бафиппайдта, нæ фынгты уæлхъус уырдыглæууæг кæй нал ис, æмæ уый æвзæрырдæм кæй зыны не ‘гъдæуттыл. Цавæрфæнды фынджы уæлхъус дæр уырдыглæууæг куы нæ уа, уæд хистæры бон нæ бауыдзæн фынгæн аккаг аргъ скæнын. Кæстæр хистæрты раз куы лæууа, уæд ын уый пайдайы хос у, уый хистæртæм хъусгæйæ базондзæн æмæ сæ йæ зæрдыл бадардзæн не ‘гъдæутты мидис суанг йæ зæронды бонтæм.

Мæ уацхъуыды кæрон мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды Зауырбеджы хистæртæн, æцæг ирон лæппу кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй.

Хорз куырыхон лæг дзы кæй ра- уайдзæн, уый дызæрдыггаг нæу. Уастырджи йæ йæ рахиз къабазы бын дарæд!

Зауырбег! Дæуæн дæттын ныстуан, куыд хистæр кæстæрæн, афтæ. Иттæг хорз уаид, æмæ куы равдисиккат хъæппæрисдзинад, кæм цæрыс уым де ‘мгæрттимæ иумæ, уæ сыхы хабæртты-иу хистæрты цур æд цайдантæ куы æрлæууиккат æмæ æдзухдæр лæггад куы кæниккат, уæд. Афтæ куы бакæнат, уæд уыл адæм сæ цæст æрæвæрдзысты, æмæ уæ лæгдзинады кой æнæхъæн Ирыстоныл анхъæвздзæн.

"Жизнь Правобережья!

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях