Главная - Новости Беслан

23/09/2014 Куыст хорзыл банымадтой

Ивгъуыд майрæмбоны районы Ныхасы уыдис дзуаппон-æвзарæн конференци, кæцыйы Ныхасы сæрдар скодта доклад йæ куысты фæдыл, стæй æвзæрст æрцыдысты Æппæтирон адæмы æстæм съездмæ делегаттæ Рахизфарсы районæй. Архайдтой дзы, раздæр хъæуты æмбырдты цы делегаттæ сæвзæрстой конференцимæ, уыцы дзуапджын лæгтæ, республикæйы Парламенты депутаттæ, пъæлицæйы хайады сæргълæууæг, Иры Стыр Ныхасы минæвæрттæ.

Боны фæткы уадис ахæм фарстатæ: 1.ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады бакуыст YI-YII ирон адæмы съездты уынаффæтæ æххæст кæныны фæдыл æмæ йæ размæ хæстæ YIII съездмæ цæттæ кæнгæйæ».
2.Районы хайады Советы уæнгты æвзæрстытæ.
3. ÆÆЗ «ИСН» радон YIII съездмæ делегатты æвзæрстытæ.
Томайты Савелийы доклад уыдис мидисджын, хъæздыг алыхуызон факттæй, стæй редакцийы кусджытæ хорз зонынц, районы Ныхас цæмæй улæфы, цы архайæг у, уый. Ис нын æнгом бастдзинад, Ныхасы алы мадзал дæр йæ бынат ссары газеты фæрстыл. Иуæй-иу докладгæнджытæн сæ ныхас вæййы хуызджын, нывæфтыд, фæлæ дзы мидис нæ вæййы, æмæ йæм куы байхъусай, уæд дзы дæ зæрдыл ницы æрлæудзæн. Савелийы ныхас уыдис бынтон æндæрхуызон. Байхъусæм ма йæм:

- Фарн уæм бадзурæд, хорз адæм, æмæ фæрнæй цæрут! Куыд зонут, афтæмæй ацы аз 31 октябры йæ куыст райдайдзæн Æппæтдунеон Æхсæнадон Змæлд «Иры Стыр Ныхасы» радон YIII ирон адæмы съезд. Ацы адæмон æхсæнадон змæлды куыст 1993-æм азы фыццаджыдæр баргонд æрцыд районы куырыхон хистæр, æхсæнадон кусæг, героикон зарæггæнæг Кæсæбиты Гæбылайы фырт Митяйæн. Цыбыр рæстæгмæ районы алы хъæуы дæр йæ куыст рапарахат кодта æмæ æвзæрст æрцыдысты Ныхасты къордтæ. Сæйрагдæр хæстæ ацы куысты уыдысы карз тох кæнын цард, æгъдæуттæ æмæ закъæттæ халджыты ныхмæ, цæмæй къаддæр уой нæ адæмы астæу лæгсырдтæ, расыггæнджытæ, хъылмайæ сæудæджергæнджытæ æмæ æндæр алыхуызон фыдгæнджытæ.

Бонæй-бонмæ, мæйæ-мæймæ æппæтадæмон змæды архайджытæ адæмы фарны сæраппонд нæ хæлæг кодтой сæ рæстæг, сæ тыхтæ, кæд сæ бирæты æнæниздзинад раппæлинаг нæ уыд, уæддæр. Уыдонимæ уыдысты Беройты Ирбег Хуымæллæгæй, Дзгойты Бекызæ æмæ Æлдаттаты Харум Ольгинскæйæ, Æлдаттаты Виктор, Гуытъиаты Зауырбег, Дудиаты Батрадз, Хъыбызты Таймураз, Хъараты Ислам, Дзуццаты Бечыр, Годызты Фидæн, Сокаты Измаил Беслæныхъæуæй, Карсанаты Сæлæмон Цæлыккæй, Хадыхъаты Мурат Заманхъулæй, Уылыбиаты Къита Брутæй, Бигъаты Барысби Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй. Кæй ранымадтон, уыдон, хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал сты. Рухсаг уæнт!

Районы æмæ хъæуты абон дæр ма ахсджиаг куыст немæ кæнынц Дзуццаты Чермен, Тамбиаты Петя, Карсанаты Афæхъо, Гæтæгты Тазрет, Хъариаты Тугъан, Цæллаггаты Мырзæ æмæ бирæ æдæртæ.
Ныр ссæдз азы дæргъы, куыд Цæгат æмæ Хуссар Иры æппæт районты æмæ хъæуты, афтæ нæ районы хъæуты сыхты æмæ мыггæгты Ныхасты дæсгай æмæ сæдæгай куырыхон лæгтæ зæрдæбынæй лæггад кæнынц цæрджытæн.
Ирон адæм кæддæриддæр хъуыстгонд уыдысты се 'гъдау æмæ хъæбатырдзинадæй. Абон барад ис мах къухы, мах фæлтæрæй аразгæ у нæ районы цард, æмæ нæ кæстæрты куыд сахуыр кæнæм, куыд сæ саразæм раст фæндагыл, афтæ уыдзæн нæ сомбон.

Ныр ссæдз азы дæргъы куыстæн ис фарста сæвæрæн: «Цымæ Ныхасы бирæ уæнгтæ сæ адæмæн сæ æвæллайгæ лæггадæй разы сты?» Кæй зæгъын æй хъæуы, не сты! Нæ районы Ныхасы уæнгты гæнæнтæ зонгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, кæй нæм ис хорз бындур нæ куыстæн. Цард куыд ивгæ цæуы, афтæ махæн дæр нæ хæстæ фылдæр кæнынц.Уыцы хæстæ та нын нæ размæ æрæвæрдта YI съезд Цхинвалы 2007 азы сентябры мæйы. Абон нæ сæйрагдæр хæстæ сты ирон адæмы иудзинад, нæ хуыздæр æгъдæуттæ æмæ традицитæ кæстæр фæсивæды æхсæн, ирон адæмы демографион арæзт нывылдæр кæнын, Ирыстоны цы адæмыхæттытæ цæры, уыдоны иудзинад, экологион уавæрмæ цæстдарын, наркомани, экстремизм æмæ терроры ныхмæ тох кæнын æмæ бирæ æндæр фарстатæ. Уыдæттæ хынцгæйæ нæ районы хайад иузæрдионæй кусы, куыд бынæттон хицауадимæ, афтæ районы æппæт æхсæнадон организацитимæ, ивгъуыд аз афæдзы райдианы Уставмæ гæгæ цы куысты пълан сбæлвырд кодта, уый хынцгæйæ.

Хайады уæнгтæ сты 37 адæймаджы. Кусы дзы фондз комитеты æмæ дыууæ къамисы. Хистæрты комитеты сæргъы лæууы Дзуццаты Саханджери, ирон æгъдæуттæ æмæ традициты комитет баргонд уыд Сокаты Измаилæн. Ирон æвзаг æмæ литературæйы комитетæн йæ куыст аразы Хъуысаты Эммæ, сылгоймæгты организацитимæ бастдзинады кæмитеты куыст æххæст кæны Бургалаты Заремæ. Ис ма нæм барадхъахъхъæнæн оргæнтимæ æмæ æрыгон фæсивæды организацитимæ бастдзинады комитет, кæцыйæн разамынд дæтты Æлборты Мурат.

Нæ районы хъæуты кусы 10 Ныхасы Советы, уымæй уæлдай алы хъæуы сыхты, Беслæны бирæуæладзыгон хæдзæртты Ныхасты къордтæ.

Æмтгæй райсгæйæ районы Ныхасы хайады архайынц мин адæймагæй фылдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый стыр тых у, нæ куыст куыд æмбæлы, афтæ сæвæрынæн.Ивгъуыд азты хайады арæзт æрцыд 94 президиумы æмæ 21 Советы хайады æмбырдтæ.

Куыд зонаем, афтæмæй VI-VII ирон адæмы съездтæ бæрнон цæстæнгас аздæхтой ирон æвзаг æмæ литературæйы хъомыладон мидисмæ. Фæстаг рæстæг тынг бирæ дзурæм, нæ мадæлон æвзаг ма фесæфа, зæгъгæ. Цæвиттон, цæмæй æвзаг цæра æмæ рæза, уый тыххæй йыл хъуамæ дзура æппынкъаддæр 100 мин адæймаджы, афтæ амонынц лингвисттæ. Уымæн ис иунæг хос - дзурын ыл хъæуы, иу фæлтæрæй иннæмæ æцæг хæзнайау куыд зайа, афтæ. Уый тыххæй хъуамæ махæй алчидæр уарза Ирыстон, йæ адæмы, æппынфæстаг - йæхи.

Нæ зындгонд куырыхон ахуыргонд ирон лæг Абайты Васо дзырдта: «Ирон æвзагæн йæ бынат фыццаджы-фыццаг бинонты æхсæн ис, фыды хæдзары. Æмæ йæм уым фаг æргом куы нал здахæм, уæд уый фæдисы хабар у: сабитæ сæ мады æхсыримæ куы нæ райсой æмæ йыл æдæрсгæ куы нæ дзурой, уæд æвзаг банымайæн ис сæфтыл». Гъеныр ма ацы ныхæстæй растдæр куыд зæгъæн ис?

Ивгъуыд аз бирæ мадзæлттæ конд æрцыд ирон æвзаджы рæзты фæдыл скъолаты, культурæйы артдзæстты, библиотекæты, сыхты, бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты.
Ныхасы фольклорон ансамбль «Æрфæны фæд», йæ разамонæг - Ныхасы уæнг Къубалты Зинæ, ацы мадзалты фæстæ æвдыста цыбыр, фæлæ зæрдæмæдзæугæ концерттæ. Суанг ма сæрды бонты алы майрæмбоны аразынц Беслæны фæлладуадзæн парчы ирон хъазтизæртæ, кæцытæ адæмы зæрдæмæ тынг цæуынц.

Дарддæр Томайы-фырт лæмбынæг æрдзырдта, куыд арæзт цæуы куыст скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны охыл, цавæр мадзæлттæ саразынц. Æнæмæнг дзы фæархайынц Ныхасы уæнгтæ, сæ разæй Савели, афтæмæй. Хорз бастдзинæдтæ йын ис ахуырадон уагдæттимæ, егъау хъомыладон куыст дзы цæуы. Районы Ныхасы ирон æвзаг æмæ литературæйы комитеты архайæг Хъуысаты Эммæйы руаджы Беслæны 6-æм скъолайы æрæмбырд сты районы скъолаты минæвæрттæ, цæмæй сæ зонындзинæдтæ равдисой республикон æркаст «Ирон аив дзырды дæснытæ»-йы. Ацы ран иттæг хорз бацæттæ кодтой сæхи Ног Бæтæхъойыхъæуы, Хуымæллæджы, Заманхъулы, Фарныхъæуы, Беслæны 2, 4, 6-æм скъолаты ахуырдзаутæ. Заманхъулы скъолайы ахуырдзауты командæ «Фидæн» архайдта республикæйы интеллектуалон хъазт «Зондабиты» æмæ бацахста фыццаг бынат. Фарныхъæуы æмæ Ольгинскæйы скъолаты ахуырдзаутæ та архайдтой, æрæджы ÆÆ3 «ИСН» 20-æм азы фæдыл цы сфæлдыстадон конкурс сарæзта, уым. Цы ирон æрмæджытæ бацæттæ кодтой, уыдоны тыххæй хорзæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ æхцайы премитæй.

Районы иннæ скъолаты цы мадзæлттæ арæзт цæуы мадæлон æвзагыл, уыдоны тыххæй дæр æмбæлы æнæкæрон бирæ дзурын, фæлæ газеты авналæнтæ абон уыййас нæ амонынц. Зæгъдзыстæм ма, Ныхас стыр æргом кæй здахы скъоладзауты ‘хсæн патриотон хъомылад фæхуыздæр кæныныл. Уымæ гæcгæ районы ветеранты Совет, ДОСААФимæ иумæ бирæ мадзæлттæ конд цæуы куыд Беслæны, афтæ хъæуты дæр. Хайады уæнгтæ Бургалаты Заремæ, Габеты Семен, Гуцунаты Олег, Тменаты Петя, Дзуццаты Заремæ, Мыкагъаты Азæ, Туаты Эльбрус арæзтой цымыдисаг фембæлдтæ æрыгон фæсивæдимæ скъолаты Ирыстон немыцаг фыдгæнджытæй суæгъд кæныны 70 азы кадæн, стæй нæ традицитæ æмæ æгъдæутты фæдыл.

Æнæзæгъгæ нæй, ивгъуыд азты районы Ныхасты æппæт къæпхæнты уæнгтæ зæрдиагæй кæй архайдтой наркомани æмæ карз нозт, экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ тох кæныны куысты. Районы хиуынаффæйады бынæттон администраци, барадхъахъхъæнынады органтимæ иумæйагæй бирæ мадзæлттæ конд цæуы ацы фæзындты ныхмæ. Æвзæрст æрцыд бæрнон къамис. Къамисы уæнгтæ арæх вæййынц скъолаты æмæ бæлвырд ныхас кæнынц ахуырдзаутимæ. Ацы фарстаты фæдыл районы Культурæйы галуаны арæзт æрцыд мадзал «Наркомания - угроза государственной безопасности». Æрæджы æхсæзæм, æстæм скъолаты æмæ æстæм училищейы ахуырдзаутимæ фембæлдты архайдтой Цæллагты Артур - координацион Совет ÆÆЗ «ИСН»-ы фæсивæды комитеты сæрдар, Тараты Светæ - бынæттон хиуынаффæйады администрацийы хайады сæрдар, кæцытæ лæмбынæг бамбарын кодтой ахуырдзаутæн экстремизм, терроризм, стæй наркоманийы фыдбылызтæ, уыдоны ахæсты цæмæй ма бахауой, уыцы мадзæлттæ.

Савели куыд зæгъы, афтæмæй бирæ хистæртæ фæзмыны аккаг не сты, фесæфтой се 'фсарм æмæ 'гъдау. Фынгæй сын сыстыныв амал нал вæййы, сæхи уынаффæгæнæг скæнынц, зонд амоныныл схæцынц. Уыдонæй фæсивæд хъуамæ цавæр дæнцæг райсой?
Йæ доклады ма лæмбынæг æрдзырдта кувæндæтты уавæрыл, дзуары лæгты архайды тыххæй, уæлмæрдты иуæй-иу цыртыты æдзæллаг уавæрыл.
Кæронбæттæны Савели загъта:

- Нæ размæ цы хæстæ лæууы, уыдоныл архайгæйæ нæ куыст, æнæмæнг, хъуамæ баст уа бынæттон администрацитимæ. Ныхасты куыстмæ хорз цæстæнгас дарынц Ног Бæтæхъойыхъæуы, Заманхъулы, Ольгинскæйы, Зилгæйы, Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, Фарныхъæуы, Хуымæллæджы, Бруты.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæцыфæнды фарстаимæ дæр куы сæмбæлæм районы сæргълæууæг Дауыраты Русланимæ æмæ Беслæныхъæуы хицау Хуыбаты Мæрбегимæ, уæд фенæм æмбарындзинад.
Æнæзивæгæй нæ уæлхъус æрбалæууынц нæ республикæйы Парламенты депутаттæ Уататы Зелим, Гуытъиаты Славик, Мрыкаты Аслан, æмæ сын стыр бузныг!
Куыд зонæм, афтæмæй октябры кæрон арæзт æрцæудзæн радон ирон адæмы VIII-æм съезд. Ныхасты æппæт къæпхæнты лæмбынæгæй бакусын хъæуы, цæмæй йыл сæмбæлæм цæттæйæ.
Абон Ныхасы хайады Советмæ цы ног уæнгтæ æвзæрст æрцæудзысты, уыдон сæ куысты фылдæр æргом аздахæнт нæ фæсивæды хъомыладмæ, мыггæгты Ныхасты Советты куыстмæ, экстремизм, терроризм, наркоманийы ныхмæ тохмæ, нæ нациты иудзинадмæ.
Уыйадыл доклад фæци.

Дарддæр сæ архайды тыххæй радзырдтой Ныхасы Советы уæнгтæ. Стæй конференцийы архайджытæй бирæтæ сæ хъуыдытæ загътой Ныхасы куысты тыххæй. Æмтгæй райсгæйæ йæ хорзыл банымадтой, фæлæ районы Сылгоймæгты советы сæрдар Цъыккаты Зарæ куыд загъта, афтæмæй ма бакусинæгтæ дæр ис, стæй гыццыл не сты.

Районæй æвзæрст æрцыд 26 делегаты ирон адæмы æстæм съездмæ. Уыдон сты: Æлборты Мурат, Бургалаты Заремæ, Бититы Эльвирæ, Уататы Зелим, Гуцунаты Олег, Гуытъиаты Славик, Габеты Семен, Дауыраты Руслан, Джиоты Махар, Джериаты Шамил, Дзуццаты Саханджери, Калоты Анатоли, Хъуысаты Эммæ, Къониаты Хазби, Козырты Артур, Хъæдохты Васили, Кцойты Гермæн, Мæрзаты Таймураз, Томайты Савели, Тетаты Эльврик, Туаты Эльбрус, Хæмыцаты Раман, Хæмыцаты Руслан, Цæлойты Чермен, Цъыккаты Ирбег, Хадыхъаты Мухæддин.
Дызæрдыггаг дæр нæ уыд, Томайты Савели ногæй æвзæрст кæй æрцæудзæн районы Ныхасы Советы сæрдарæй. Йæхи ацы бынаты ахæм хъомысджын æмæ активонæй бавдыста, куыст афтæ æмбæлгæ уагыл хæссы, æмæ æндæр кандидатурæмæ каст дæр не ‘рцыд. Савелийæн йæ ног «зæронд» бынаты нæ зæрдæ зæгъы ноджы стырдæр, ахадгæдæр æнтыстдзинæдтæ. Ирон адæмы фарныл архайы, æмæ фæрнджын уæд!

Дзуаппон-æвзарæн конференцийы

УЫНАФФÆ

1.Æппæтдунеон Æхсæнадон Змæлд «Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады бакуыст Yl-æмæ æнæрадон YII ирон адæмы съездты уынаффæтæ æххæст кæнын нымад æрцæуæд хорзыл.
Арфæйы ныхæсты аккаг сты, æппæт районы Ныхасты къæпхæнты уæнгтæй ирон адæмы VI-VII съездты уынаффæтæ цардмæ рахæссыныл зæрдиаг куыст чи бакодта æмæ кæны, уыдон.
2.Хайады ног æвзæрст Советы уæнгтæн баргонд цæуы:
1) хъæуты æмæ сыхты ног æвзæрст Ныхасты уæнгтæн лæмбынæгæй бамбарын кæнын сæ хæстæ, цæмæй дзыллæтæм хæццæ кæной, YIII съезды цы уынаффæтæ рахæссой, уыдон.
2) Цæмæй æрвылбон кусой районы цæрджыты æхсæн иудзинад æмæ сабырдзинад фидар кæныныл. Цæмæй не ‘хсæн ма уа ахæм адæймаг, кæцы не ‘мбары нæ кад, нæ фарн æмæ æгъдау ирон адæмы иудзинад кæй сты, уый;
3. Районы æппæт къæпхæнты Ныхастæн хæсгонд цæуы:
1) ирон адæмы съездты амынддзинæдтæ æххæст кæныныл бæрнондæрæй кусын;
2) Ныхасты архайд аразын хъæуы ног домæнтæм гæсгæ;
3) ахсджиагдæр цæстæнгас здæхт æрцæуæд фæсивæды хъомыладон куыстмæ;
4) фылдæр æргом здæхт цæуæд нæ хуыздæр традицитæ адæмы æхсæн парахат кæнынмæ, уынгты фæлгонцмæ, уæлмæрдты сыгъдæгдзинадмæ;
4. Хъæуты, сыхты, мыггæгты, Беслæныхъæуы бирæуæладзыгон хæлдзæртты Ныхасты къордтæ сæ куысты сæйраг хæсыл банымайæнт, цæмæй алы хистæр дæр рохуаты ма уадза хистæрдзинады хъомыладон хæстæ, цæмæй уа фæзминаг кæстæртæн.
6.Карздæр, æгъатырдæр тох æмæ куыст рапарахат кæнын хъæуы хъылмайæ сæудæджергæнджыты, расыггæнджыты, экстремизм æмæ терроры ныхмæ.
Уый тыххæй Ныхасты æппæт къæпхæнты куыст хъуамæ фидар баст уа нæ районы æхсæнадон организацитимæ, дины кусджытимæ, пъæлицæ æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты куыстимæ.
7.ÆÆЗ«Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады конференцийы архайджытæ домынц ÆÆЗ «ИСН» координацион Советæй, цæмæй цæхгæр æрæвæрой мæнæ ацы лыггæнинаг фарстатæ республикæйы хицауады размæ:
1) Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы цы скульптурæ худинаг кæны, уый ист æрцæуæд Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспектæй;
2) Фылдæр æргом здæхт æрцæуæд скъолаты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн методикон фæрæзтæй æххуыс кæныны хъуыддагмæ;
3) Сывæллæтты рæвдауæндæтты куыстмæ хаст æрцæуæд бæрнон программæ ирон æвзаг æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæныны фæдыл;
4) Дуканиты æмæ киоскты мауал уæй кæнæнт «Насвай», дæттæ «Ягуар», «Спрайт» æмæ æндæртæ, кæцытæм æфтыд цæуы, рæзгæ фæсивæды зондахаст æмæ æнæниздзинад чи халы, ахæм хъылматæ;
5) Телеуынынады æмæ радиойы фылдæр дзурæнт ирон адæмы куырыхон минæвæрттæ нæ ирондзинадыл;
6) Телеуынынады æхгæд æрцæуæд равдыст «Дом-2», кæцы æвзæрырдæм ахады нæ фæсивæдыл.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях