Главная - Новости Беслан

23/06/2015 Фесæфт ацы зæххыл йæ къахвæд…

Цытджын Уæлахизæн йæ æвдай азы йæхи фесты, фæлæ хæсты хъæдгæмттæ ныр дæр нæма бадзæбæх сты. Мæнмæ гæсгæ, уый уымæн, æмæ абон дæр мингай нæ, фæлæ милуангай адæймæгтæ дæр нæма сбæлвырд кодтой сæ хæстонты хъысмæт. Бирæ мадæлтæ сæ цæстытæ гомæй бахастой сау ингæнмæ, сæ хъæбултæм æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уый куыд раст у, æмæ сывæллон йæ ныййарджытæй раздæр байгом кæна ингæны дуар?.. Уыцы æрыгон салдæттæй иу уыдис Дзгойты Дзибускæ (Таймураз) дæр. Æрмæст йæ мад Саса амондджындæр разынд – хæрзæрыгонæй амард, нал бавзæрста йæ иунæг лæппуйы мæлæты фæстæ уды хъизæмæрттæ…



Дзгойты Коляйы бинонтæ цардысты Хуымæллæджы. Коляйы цардæмбал………….. ацыд æцæг дунемæ, йæ фæстæ ныууагъта æртæ æнахъом сывæллоны Маруся, Духин æмæ Дзибускæйы. Сабитæ æнæ мадæй тæригъæддаг куыд нæ уыдысты, æмæ сæ Коляйы хо Верæ, Библаты ус, акодта йæ мойы хæдзармæ Цмтимæ. Хи хъæбултæй сæ нæ хъауджыдæр кодта, мады рæвдыд уымæй федтой. Бахъомыл сты бæргæ, сæхиуыл фæхæцыдысты.Фæлæ уæдмæ райдыдта фыдбоны хæст. Уыцы заман Дзибускæйыл æстдæс азы нæма сæххæст. Нал фенхъæлмæ каст æнæрцæф лæппу сидты гæххæтмæ, фæраст кодта æфсæддон къæмиссарадмæ, ацыд бархийæ фронтмæ. Ничи йын ницы зоны, куыд рауад йæ хæстон хъысмæт. Фыста пъисмотæ, йæ фæстаг фыстæг ссыд Украинæйæ. Рацыд ма гыццыл рæстæг, æмæ бинонтæ райстой гæххæт, Дзгойты Таймураз æбæрæгæй кæй фесæфт, уый тыххæй.

Духин хæсты фæстæ Астæуккаг Азимæ ацыд ахуыр кæнынмæ, уым смой кодта æмæ цæргæйæ баззад. Фæлæ Маруся йæ амæлæты бонмæ фенхъæлмæ каст Дзибускæмæ. Диссаджы фæлмæн, зæрдæвæрæн писмотæ йæм æрвыста йæ уарзон кæстæр æфсымæр хæсты быдырæй. Тагъд, дам, знаг пырхгонд æрцæудзæн, æмæ, дам, куы сыздæхон, уæд хæдзар сараздынæн, иумæ дзы цæрдзыстæм. Бацæудзынæн, дам, ахуырмæ æфсæнвæндаджы техникуммæ (сæ фыд Коля дæр æфсæнвæндаджы специалист уыдис)… Æбæрæгæй фесæфт æмæ кæд, миййаг, уацары бахауд, йе фæцæф æмæ йæ зонд фæхæццæ, царды алцыдæр рауайы. Марусяйы нæ уырныдта, йæ цардбæллон уарзон æфсымæр мæлын бакуымдта, уый. Йæхицæн-иу зæрдæтæ авæрдта, уæдæ кæд фæзынид, зæгъгæ.

Фæлæ азтæ цыдысты, Дзибускæзынæг нæ уыдис. Ссардта йæ амонд Маруся, æркуывта Басаты мыггагмæ. Хорз цот схъомыл кодта, куыд нæ уыдаид йæ царды адджын, зæрдæрухс бонтæ дæр, фæлæ, куыд загътон, афтæ æнхъæлмæ каст йе ‘фсымæрмæ. Мæрдты бон-иу дыууæ хицæн фынджы сцæттæ кодта – иу –Басаты, иннæ та – Дзгойты мæрдтæн.Фыццаг-иу ныххæлар кодта йæ фæрзиу Басаты мæрдтæн, стæй-иу Дзгойты номæй-номмæ фæнымадта. Алы хатт дæр-иу загъта:

- Дзибускæ, бахатыр мын кæн, ацауал азы дуармæ мæ цæстытæ гомæй фæдардтон, уæдæ ныр æрбахиздзынæ,уæд æрбахиздзынæ, зæгъгæ, алы стыфмæ мæ хъус дардтон. Мæ цæст дын рухс кæнын нæ уарзы, кæд искуы æгас дæ æмæ дæ хæдзармæ фæндаг нæ арыс…

Марусяйы уыцы ныхæстæм-иу йæ кæстæртæ кæуынæй сæхи амардтой. Мæ кæстæр æфсымæр, дам, доны къусы сæфт фæкодта, фесæфт ацы зæххыл йæ къахвæд…

Нал ис абон Басаты-Дзгойты Маруся. Йæ фæстæ дзæбæй кæй ныууагъта, уыцы кæстæртæ та агурынц Дзибускæйы фæд архивты. Чи зоны, æмæ рабæрæг уа, кæм аскъуыд йе ‘рыгон цард. Æмæ уæд Марусяйы ингæны фæрстæ ныххойдзысты, ссардтам дын дæ уарзон æфсымæры, зæгъгæ…

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях