Главная - Новости Беслан

22/06/2015 «Æрфæны фæд æмæ «Балц» - Зилгæйы

Афæдзы бæрц цæуы къордыл, йæ репертуары ис куыд ирон лирикон, афтæ адæмон æмæ уырыссаг зарджытæ дæр. Алы майрæмбоны та саразынц концерттæ Беслæныхъæуы фæлладуадзæн парчы. Уæдæ «Балц» дæр хъуыстгонд у куыд районы, афтæ республикæйы дæр. Арæх Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Едзиты Барисы разамындæй зарæггæнджытæ, фæархайынц бæрæгбæтты, фестивальты, алыхуызон равдыстыты, ис сæм æнæхъæн уаргъ алыхуызон хæрзиуджытæ, кады гæххæттытæ, дипломтæ.

Зилгæйæгтæ бæрзонд аргъ скодтой уазджыты аивадæн, сæ зæрдæ сын балхæдтой тыхджын къухæмдзæгъд æмæ дидинджытæй, кæронбæттæны та сын бузныг загътой æмæ ракуырдтой хæдахуыр артисттæй, цæмæй та сæм тагъд рæстæджы æрбацæуой.

Концерты фæстæ районы ветеранты Советы бæрнон нымæрдар Бæтæгаты Разитæ загъта:

- Ацы хатт æз дæр ацыдтæн Зилгæмæ. Бауырнæд уæ, ам ахæм зæрдиаг салам загътой аивадон къордты уæнгтæн, æмæ хатгай стыр сценæйы «стъалытыл» дæр афтæ æхсызгонæй нæ сæмбæлынц. Кардзыд адæмы цæстытæ æрттывтой, æцæг бæрæгбон сын балæвар кодтой дыууæ музыкалон фольклорон къорды. Ирон культурæйæн лæггад кæнынц, æмæ сæ цæрæнбон бирæ.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях