Главная - Новости Беслан

21/05/2018 ЗОН НÆ ФЫДÆЛТЫ РÆСУГЪД ÆГЪДÆУТТÆ!

Рахизфарсы районы хистæртæ сæ кæстæрты сомбоныл тынг тыхсынц. Ахæм мæй нæ
вæййы, æмæ «Иры Стыр Ныхас»-ы районы хай- ад, ахуырады управлени, культурæйы
Галуаны кусджытæ, бынæттон хиуынаффæйадимæ иумæйагæй, иу-дыууæ хатты ма
саразой алыхуызон мадзæлттæ: конкурстæ, викторинæтæ, концерттæ, фембæлдтытæ,
кæцытæн сæ сæйраг хъуыды баст вæййы нæ куырыхон фыдæлты æгъдæуттæ, традицитæ,
нæ истори æмæ культурæйымæ, æмæ, æнæмæнг, стыр ахъаз сты фæсивæды хъомыладæн.
Фæлæ ивгъуыд майрæмбоны ацы ран цы мадзал ацыд, уымæн, мæнæ куыд фæзæгъынц, –
аргъ нæй. Йæ хъæппæрис рацыд нæ республикæйы культурæйы Министрады культурон-
дзыллон мадзæлтты дирекцийы сæргълæууæг Скъаты Маратæй.
Уыцы бон Марат сарæзта æцæг ирон æгъдæутты бæрæгбон – райдай кусартæй, бæгæны
фыцынæй, дзыкка æмæ чъиритæ кæнынæй, фыццагон хæдзары мигæнæгты, рагон
уæлæдарæсы, æрмгуыстгæнджыты равдыстытæй, аивады алы хуызтæй.
Кусарт акодтой бынæттон кувæндоны, кæцыранмæ ахуыдтой хистæркъласонты,
уыдонимæ Ног Бæтæхъойыхъæуы скъолайы Ныхасы уæнгты (сæ ахуыргæнæг Уататы
Верæ), афтæмæй – æдæппæт иуæндæс лæппуйы.
Кусартгæнджытæ Уырымты Алыксандр, Бæдоаты Олег æмæ Хъуысаты Хъазбег, семæ
районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæрдар Хæмыцаты Раман, афтæмæй
лæппутæн амыдтой ацы æгъдауы сæйраг фæзилæнтæ: кусарт куыд кæнын хъæуы, йæ
хæйттæ цытæ хуыйнынц, цины фынгыл хистæрты раз цавæр хæйттæ хъуамæ уа æмæ афтæ
дарддæр.
Культурæйы Галуаны цур нæ куырыхон хистæртæ Хæбæлаты Лугкæ, Хæмыцаты Раман
æмæ Цомартаты Дзамболат скуывтой æртæ чъирийы.
Стыр Хуыцау, Йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæй ракуырдтой Ирыстоны адæмæн
æнæниздзинад, сабыр царды уавæртæ æмæ уды æнцойдзинад. Сæ алыварс сын фæсивæд
ирон дарæсы æмзæрдæйæ «Оммен!» кодтой.
Бæрæгбондзаутæн, стæй æрбамбæлæг уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодта Беслæны
администрацийы сæргълæууæг Дзебойты Станислав.
Уый фæстæ кафт æмæ зарды, сæ иуæй иннæ аивдæр, сæ иуæй иннæ дæсныдæрæй
кæрæдзийы ивтой не ‘взыгъд фæсивæд.
Ацы ран архайдтой канд нæ районы хъæуты хи хъæппæрисадон къордтæ нæ, фæлæ ма
Дзæуджыхъæуы æмæ хæстæгдæр районты минæвæрттæ дæр.
Мадзал рауад тынг хъæздыг æмæ цымыдисаг, сæйрагдæр та уыди уый, æмæ уыцы бон нæ
фæсивæд сæхæдæг кæй архайдтой æмæ цæстуынгæйæ бирæ æгъдæуттæ кæй базыдтой.
Бæрæгбон аргъæвта суанг изæрдалынгтæм. Кæронбæттæны æвдыст æрцыд киноныв
«Дорога на Запад».Ахæм рæсугъд мадзалы фæдыл арфæйы ныхæстæ æнæ зæгъгæ нæй Скъаты Маратæн, стæй
ацы хъæугæ æмæ вазыгджын хъуыддаджы йæ фарсмæ æнæзивæгæй чи æрбалæууыд,
уыдонæн се ‘ппæтæн дæр: нæ республикæйы «Иры Стыр Ныхас», нæ районы Ныхас
(Кучиты Руслан æмæ Томайты Савелий), Беслæны администраци (Дзебойты Станислав),
культурæйы Галуаны кусджытæ, сæ сæргъы Томайты Людæ æмæ Еналдыты Коля. Куыд
æдзух, афтæ та ныр дæр бæрæгбоны концертон программæйы аивдзинадыл зæрдиагæй
бакуыстой Туаты Риммæ æмæ Тугъан. Стыр бузныг се ‘ппæтæн дæр!

Вестник Беслана

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях