Главная - Новости Беслан

20/04/2015 Хуымарты Светланæ хъахъхъæндзæн районы кад

Æрвылаз республикæйы арæзт æрцæуы ирон æвзаджы ахуыргæнджыты конкурс. Районты сæ арæхстдзинад гом урокты бавдисынц ахуыргæнджытæ, сбæрæг кæнынц, хуыздæр чи сæххæст кæны конкурсы домæнтæ, уый, æмæ республикон æркасты бахъахъхъæны районы кад. Уым куы рацæуы фыццаг бынатмæ, уæт та йæ Æппæтуæрæсеон конкурсмæ арвитынц.

Рахизфарсы районы ис, сæрбæрзонд кæмæй сты, ахæм чызджытæ, - Джериаты Мæдинæ (цыппæрæм скъола) æмæ Елойты Анжеликæ (æстæм скъола), кæцытæ Æппæтуæрæсеон конкурсæй дæр кадджын хæрзиуджытимæ ссыдысты.

Ацы аз та районы кад республикæйы хъахъхъæндзæн æстæм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хуымарты Светланæ. Ивгъуыд цыппæрæмы Хуымæллæджы астæуккаг скъолайы радта гом урок фæндзæм «а» къласы ахуырдзаутæн. Жюрийы уæнгæ - Джериаты Мæдинæ, Елойты Анжеликæ, районы ахуырады управленийы ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ, районы Ныхасы нымæрдар Къубалты Зинæ, ацы рæнхъыты автор, стæй ма бынæттон скъолайы директор Битеты Эльвирæ, ахуыргæнджытæ стыр цымыдисдзинадимæ бакастысты æмæ байхъуыстой, Светæ фыццаг хатт цы сывæллæтты федта, уыдоны зæрдæтæм фæндаг куыд ссардта, уымæ. Конкурсы архайæг ахуыргæнæгмæ ис бæлвырд домæнтæ - хъуамæ бацæттæ кæна чысыл хи презентаци – радзура, цæмæ равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад, чи йын фæахъаз уыцы зын, фæлæ кадджын фæндаг равзарынмæ. Уыцы хæс баххæст кæнынмæ йын лæвæрд цæуы дæс минуты. Дарддæр хъуамæ радта урок , цыппор минуты мидæг ссара иумæйаг æвзаг сабитимæ. Ног стандарттæм гæсгæ сывæллæттæ хъуамæ сæхæдæг сбæрæг кæной урочы темæ, уымæ та сæ хъуамæ бахона ахуыргæнæг. Ам ахсджиаг у, ахуырдзаутæ сæ хъуыдытæ зæгъын зонынц æви нæ, сæ хиæмбарындзинад, сæ активондзинад æмæ а.д. Ахуыргæнæг урочы мидæг хъуамæ зона пайда кæнын информацион-коммуникативон технологитæй, техникон фæрæзтæй.

Хуымарты Светæ йæ хи презентацийы куыд радзырдта, афтæмæй райгуырд æмæ схъомыл Цæлыччы хъæуы, ам фæци астæуккаг скъола.Тынг раппæлыд йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Боциты Альбинæйæ, кæцы йын бауарзын кодта йæ фидæны дæсныйад. Университет каст фæуыны фæстæ йæ профессийы фыццаг къахдзæфтæ акодта æстæм скъолайы, абон дæр ам кусы ныр фарæстæм аз. Арфæйаг у коллективæй, уæлдай бузныг та загъта сколайы сæргълæууæг Хæблиаты Аллæйæн. Æрыгон ахуыргæнæгмæ хъарм зæрдæ кæй дары коллектив, уый бæрæг у уымæй, æмæ урокмæ дæр йемæ кæй æрбацыдысты Хæблиаты Аллæ æмæ Елойты Анжеликæ. Радзырдта ма, æрвылаз дæр скъолайы кæй арвитынц ирон æвзаджы къуыри, æмæ цæмæй хъомысджындæр, ахадгæдæр уа, уый тыххæй саразынц фембæлдтæ ирон театры артисттимæ, æрбахонынц фысджытæ æмæ нывгæнджыты.

Зынгхуыст æрыгон поэт олгинскæйаг лæппу Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» уыдис урочы темæ, æмæ уæлдæр ранымад домæнтæ æххæстгонд æрцыдысты. Раст цыма урочы сæхæдæг æмæ сæхи ахургæнæгæй йеддæмæ ничи уыдис, сабитæ сæхи афтæ æнкъардтой, сæхи активонæй бавдыстой Хуыбаты Сослан, Хугашвили Миланæ, Царахаты Камиллæ, Дзампаты Регинæ, Бедойты Давид, Гусаты Сæрмæт, Айляраты Мæдинæ æмæ иннæтæ. Райгуырæн бæстæ, фыдæлты зæхх, фыды уæзæг цы сты, цы амонынц ацы дзырдбæстытæ, уый хорз æмбарынц, сæ дзуаппытæм зæрдæ радис, зонынц хъуыды кæнын, сæ цæстæнгас зæгъын. Уæлдай диссагдæр нæм фæкаст, уыцы гыццыл муртæ-иу сæ дзуапп ахæм дзырдтæй куы райдыдтой: «Мæнмæ афтæ кæсы», «Æз афтæ хъуыды кæнын». Сæйраг хъуыды – райгуырæн бæстæ уарзын æмæ хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый æмбæрстгонд уыдис. Ног стандарттæм гæсгæ ма урочы кæрон аргъ скодтой се ‘мбæлтты дзуаппытæн дæр. Стæй сабиты сæрæндæр Хуымарты Светæйæн къласы номæй арфæ ракодта.

Æмтгæй райсгæйæ урок рауад мидисджын, жюрийы уæнгтæ йын бæрзонд аргъ скодтой, кæд ма чысыл хъæндзинæдтæ равзæрстой, уæддæр. Дарддæр республикон конкурсмæ у йæ фæндаг æрыгон ахуыргæнæгæн. Æмæ уым дæр, æнæмæнг йæ лæджыхъæдтæ равдисдзæн.

Зæгъын ма мæ фæнды дыууæ ныхасы Хуымæллæджы скъолайы коллективы тыххæй. Ахуырады управлении мадзал саразы ам, æмæ сæм цыма зæдтæ æрфистæг вæййынц, афтæ сæмбæлынц уазджытыл, баузæлынц сыл, саразынц æппæт уавæртæ, цæмæй мацæуыл батыхсæм, урок бæрзонд æмвæзадыл ацæуа. Битеты Эльвирæ æмæ скъолайы ахуыргæнджытæн ахæм зæрдиаг ахасты тыххæй – стыр бузныг.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях