Главная - Новости Беслан

19/05/2015 ХÆСТОН ФÆНДÆГТÆ

Уæд гæххæтт кадавар æмæ хъазар уыди. Хæстон фыстæджытæн - сæ гакк бæрæг. Æртæтигъон къонверт, мидæгæй-æддейæ - иууылдæр фыстытæ. Бирæ дзы сæрвыста сæхимæ Лазарты дæлбулкъон Аслæнбег. Афтæ рауад, æмæ сæ бахъахъхъæнын бинонтæ нæ бафæрæзтой. Фæлæ уыцы фыстæджытæй йæ чызг Оляйы зæрдыл бирæ цыдæртæ лæууы. Йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ, йæ цæсты бынтæ донæй айдзаг сты, арф ныуулæфыд æмæ загьта: «Размæбырсæг æфсæддон къорды командыкæнынад арфæ ракодта нæ фыдымад Зæрæдайæн: «Дæ фырт Аслæнбег стыр æфсæддон фæндæгтыл иу хъæбатырдзинад иннæйы фæдыл æвдисы. Йæ хæстон æмбæлттимæ пырх кæны немыцæгты фидæрттæ. Сталинграды фронт фыцгæ аджы хуызæн у. Махонтыл дæр кæд зиантæ цæуы, уæддæр немыцæгтæй фылдæр мæлы».

Лазартæ Хъæдгæроны цардысты. Мæгуыры тухитæ, æвадат заманы фыдæбæттæ. Уæдæ кæд рæсугъддæр уавæртæ фæзынид, зæгъгæ, Зæрæда Аслæнбеджы бинонты Къора-Урсдонмæ ахуыдта. Йæхæдæг дæр уырдыгон уыди. Стæй йын йе 'фсымæртæ Диамбегты Быдзеу æмæ Алихан дæр фæкæсынæй зæрдæ æвæрдтой. Колхозы сæрдар Лолаты Муха ног æрлидзджытыл баузæлдис, Аслæнбегæн тракторон бригады сæргълæууæджы бынат радта. Мадырвадæлты хъæубæстæ сæ хæрæфырты лæгдзинæдтæ уайтагъддæр банкъардтой.

Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Аслæнбег фронтмæ ацыд. Хæдзары баззадысты Зæрæда, йæ чындз Разиат æмæ Аслæнбеджы цыппар сывæллоны. Уæззау уаргъ æрæнцадис Разиаты уæхсчытыл. Оля, Барис, Райкæ æмæ Алик хæринаджы, дзаумайы хурæфсæсты «нæй»-йæн куыд ныффæрæзтой, уый стыр диссаг у.

Хорз хъуыды кæны Оля, йæ фыд хæстæй куы сыздæхт, уыцы рæстæджытæ. Уый размæ кæддæр, æрыгон чызгæй, ахæм фын федта, цыма Лазарты хæдзары сæрыл стыр цæргæс æрбадт æмæ йæ базыртæ парахатæй алырдæмты æруагъта. Фыдымад Зæрæдайæн йæ фын радзырдта. Уый фендджын æмæ зондджын сылгоймаг уыд, рухс цæстытæй æркаст йæ кæстæрмæ, æмæ йæ цæсгом цы уыдис, уымæй зынджы стъæлфæн фестад: «Цыдæр хорздзинад нæ хæдзарыл æрцæудзæн». Афтæ загьта йæ хъæбулы хъæбулæн.

Аслæнбег хæстæй ссыдис. Саджы фисынгыл амад цæугæ мæсыг. Цæстытæ йæ лæгдзинады хъуыддæгтæй ныфсы суадæттау зындысты, йæ риу алыхуызон хæрзиуджытæй цæхæртæ калдта. Бинонтæ сæхиуыл фæхæцыдысты. Аслæнбег æмæ Разиаты уарзондзинад та тыхджындæр кодта. Райгуырдысты сын Ленæ, Светæ, Верæ, Юрик. Юрик - цоты кæстæр, дыккаг лæппу. Йæ номыл Лазартæ стыр куывд скодтой. Уæвгæ канд уымæн нæ, фæлæ аст сывæллонæн дæр Хуыцауæй амонд куырдтой.

Азтæ Хуыцауы арфæтæ сты. Оляйæн уал ныридæгæн 82 баисты. Беслæны цæры, Первомайскийы уынджы. Æфсымæр сыхаг ын бæргэæ уыдис, Алик - йæ ныфс æмæ йæ цæугæ мæсыг, фæлæ ахицæн йæ царæдæй. Йæ дзæбæх кæстæртæн бирæ бонтæ батонын бантысæд кад æмæ радимæ. Верæ та Фарныхъæуы Цъæхилты чындз у. Гадзыбейы лæппу Мыртазмæ æркуывта. Чызджытæ дæр ын хорз ис, лæппутæ дæр, стæй чындзытæ дæр. Æнæдон ранæй дон схъарын кæндзæн, кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймаг. Хæдзарвæндагыл хæцы, мыггагыл, хиуæттыл, къабæзтыл дæр.

Ис мын хорз сыхаг. Хъороты чызг, Нугзараты чындз Заветæ. Цъæхилты Верæйы кæстæр Анджелæйæ тынг разы у. Ходыгъдтæ, æвæццæгæн, се 'ппæт Заветæйы хуызæн зæрдæ чындзмæ нæ дарынц. Заветæйы ныхæстæм гæсгæ, Анджелæ йæ райгуырæн хæдзары

цыдæриддæр федта, уыдон Хъоротæм цæстуарзонæй æххæст кæны. Амондджын у Хъороты Аслан, Анджелæйы хуызæн æфсинуарзаг, хæдзаруарзаг, хиуæттæ уарзаг бинойнаг кæмæн ис. Верæйæн бузныджы ныхæстæ фæзæгъынц, дæ хæдзарæй цы хуры тын рацыд, уый куыд æрттивы, зæгъгæ.

Сталинграды хæстыты тыххæй Аслæнбегмæ бирæ дзуринæгтæ уыдис. Оляйæн арæх æрлæууынц йæ зæрдыл. Йæ цæстытыл ауайы йæ диссаджы фыд. Хæстæй ма æбуалгъдæр цы ис, фæлæ дзы цыма йе 'нгуылдзы сындз дæр никуы фæныхстис, уыйау куыд уæздан уыд йæ ныхас, йе 'гьдау. Сталинграды фронты Аслæнбег йæ тохы æмбæлттимæ стыр галуанмæ бабырстой, чысыл бæстæ басабыр. Æфсæддонтæ фæйнæ къæбæры сисой, зæгъгæ дын æнæнхъæлæджы немыц ногæй фæзындысты. Пулеметы фарсмæ Аслæнбег лæуд фæцис. Алхъывта йæ. Нæмгуытæ ихуарæгау фесты, стæй та гранаттæ дæр афтæ. Уæдмæ йе 'мбæлттæ дæр февнæлдтой æмæ немыц фæцыдæр сты. Æмæ та бæстæ ногæй æрсабыр. Тыхджын æмæ цæрдæг лæппу уыдис. Иу заман та, уый дæр Сталинграды фронты, æнæнхъæлæджы немыцæгты стыр къордыл бамбæлдысты. Ахæм уавæрты сæ баппæрстой æмæ сæ се 'ппæт дæр уацары райстой. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй Беппайы фырт Аслæнбегæн радтой Сырх Стъалыйы орден.

Суанг Берлинмæ ныххæццæ сты Аслæнбеджы хæстон фæндæгтæ. Рейхстагыл Сырх тырыса куы ныссагътой, уæд Аслæнбег дæр уыцы историон хъуыддагæн æвдисæн фæцис. Фæз цины гæрæхтæй байдзаг. Хъыггæнгæйæ æрымысыд, дзæгъæл нæмыгæй йе 'фсæддон хæлар фæмард. Кард гал бастигъы æмæ къæдзилыл куыд асæтты, афтæ рауад йæ хъысмæт. Аслæнбег хæсты фæстæ иуцасдæр рæстæг Германы афæстиат. Куыста Берлины сæйрагдæр зылды комендатурæйы.

- Мах Хъæдгæронæй стæм, - иу хатт ма бацамыдта йæ фыдæлты цæрæнбынат Оля. - Къора-Урсдоны дæр цардтæн. Ныр та - Беслæны. Фæлæ уæддæр мæхи хъæдгæройнагæй амонын. Мæнæн зынаргъ сты мæхиуæттæ, мæнæн адджын у мæ фыдæлты уидаг, мæ фыдæлты туг.

Хорз адæймагмæ хорз ныхæстæ хуымæтæджы нæ вæййы. Адæймаг йæхицæй нæ, фæлæ йæ туджы хъæздыгдзинадæй у хорз.

Къамы: Лазарты Беппайы фырт Аслæнбег (Бинонты архивæй)





ДЗУЦЦАТЫ Къоста.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях