Главная - Новости Беслан

18/05/2017 КЪОСТА ЦАРД, ЦÆРЫ ÆМÆ ЦÆРДЗÆН!

Ивгъуыд майрæмбоны Беслæныхъæуы культурæйы Галуаны кæрты ацыд диссаджы мадзал. Архайдтой дзы районы сæргълæууæджы хæдивæг Карлов Валерий, Беслæныхъæуы сæргълæууæг Хауытаты Гермæн, нæ горæты кадджын цæрæджы ном хæссæг, фыссæг Дауыраты Дамир, Беслæныхъæуы цæрджытæ, районы Ныхасы уæнгтæ, кадджын хистæртæ, æхсæнадон организациты кусджытæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, стæй скъоладзаутæ. Иу ныхасæй, Къостайы сфæлдыстад зынаргъ кæмæн у, уыдон.
Бæрæгбонмæ ‘рбацыдысты кадджын уазджытæ: фысджыты Цæдисы сæрдары хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, журнал «Ирæфы» редакторы хæдивæг Колыты Виталий, рауагъдад «Иры» редакторы хæдивæг, фыссæг Будайты Милуся.
Уыцы бон адæм æрбамбырд сты стыр хорздзинады фæдыл. Растддæр зæгъгæйæ та – дыууæ циндзинады тыххæй.
Куыд зонæм, афтæмæй 1899 азы, 15 майы, мыхуыры рацыд нæ Иры номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæ æмæ ‘взаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынгæ ‘хсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр». Уымæй сæдæ азы фæстæ та, нæ республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, 15 май нысангонд æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоныл. Уымæ гæсгæ, уыцы бонимæ баст æрцыд Къостайы номыл цыртдзæвæн байгом кæныны мадзал дæр, уымæн æмæ Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йе ‘хсар æмæ йæ уæздандзинад, уымæн æмæ Къостайы æвзаг сæрæвæрæн фæцис нæ рæсугъд, аив, нуарджын литературон æвзагæн æмæ йын абоны бон дæр табу кæнæм. Къоста скадджын кодта ирон адæмы ном, сыгъзæрин дамгъæтæй йæ ныффыста Кады тырысайыл...
Къостайæн йæ фыццаг цыртдзæвæнтæй иу ивгъуыд æнусы 1938 азы, йæ 80 азы юбилейы агъоммæ, æвæрд æрцыд Беслæны маисон комбинаты клубы кæрты. Уæдæй рацыд æнæхъæн 70 азæй фылдæр, цæмæй та не стыр поэты ном ноджы бæрзонддæр сисæм...
Уыцы бон, Къостайы кадыл зарæджы зæлтимæ, цыртдзæвæн байгом кæныны кад æрхаудта Карлов Валерий, Скъодтаты Эльбрус, Кцойты Гермæн, Мæргъиты Батыр æмæ Хетæгкаты Алексеймæ.
Дауыраты Дамир йæ раныхасы загъта:
– Ацы аз нæ горæтыл æххæст кæны 170 азы. Юбилей йын уыдзæн – бæрæгбон. Бæрæгбонмæ та лæвæрттæ фæкæнынц æмæ нын диссаджы лæвар скодта скульптор Мæргъиты Батыр.
Ацы аз ма фæззæджы, Хуыцауы фæндæй, Беслæныхъæуы историйы тыххæй рацæудзæн чиныг дæр, кæцыйыл нæ администрацийы ‘ххуысæй кусынц библиотекæйы кусджытæ. Ахæм чингуытæ сæ историйы тыххæй рагæй ис Дзæуджыхъæуыл, Мæздæгыл, Алагирыл æмæ Æрыдоныл.
Уыцы чиныджы руаджы æз бацин æмæ бадис кодтон иу хъуыддагыл. Куыд базыдтон, афтæмæй-иу Къоста Беслæныхъæуы дæр уыдис. Ам цард йæ иузæрдион хæлар Хъаныхъуаты Адылджерийы фырт Алмæхсид. Уый уыдис рухстауæг, зылдис хъæутыл æмæ хохаг ирон сывæллæттæн амыдта дамгъæтæ, чингуытæ кæсын. Уыцы Алмæхсидæн ныффæдзæхста Къоста фыццаг ирон «Райдиан чиныг» ныффыссын æмæ йын уый йæ фæдзæхст сæххæст кодта, фæлæ йæ Къоста, хъыгагæн, нал федта...
Мæнæ абон ацы мадзал у вазыгджын мадзал, цæмæй Къостайы ном рох ма кæнæм, цæмæй йын йæ фæдзæхстытæ ‘ххæст кæнæм...
Иу хатт ма бузныг Кцойты Гермæнæн – уый хъæппæрисæй сырæзыд ацы хъуыддаг. Бузныг районы æмæ горæты хицауадæн, бузныг Ныхасы уæнгтæн, кæцытæ сæхимæ хæсæн райстой, цæмæй ацы мадзал сырæза...
Нæ районы сæргълæууæджы хæдивæг Валерий Карлов куы радзырдта Къостайы сфæлдыстады тыххæй, уыйимæ ма Къостайы ‘мдзæвгæ куы бакаст, уæд æм бæрæгбондзаутæ стыр цымыдисæй хъуыстой.
– Алы адæмыхатт дæр æхсызгон æмæ сæрыстырæй фæзæгъынц, дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта, уыцы ахсджиаг хъæбулты нæмттæ, – йæ ныхас райдыдта районы хайад «Иры Стыр Ныхасы» сæрдар Томайты Савелий. – Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном, шотландиаг – Бернсы, немыцаг – Гетейы, итайлаг – Дантейы, уырыссаг – Пушкины. Мах та, ирæттæ, фæзæгъæм – Къоста. Æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы уарзондзинадæй ...
Ацы ран абон мах уынæм тынг бирæ фæсивæд æмæ нын уый дæтты уæлдай æхсызгондзинад. Æгайтма нæ кæстæртæ зонынц æмæ уарзынц Къостайы, æгайтма сын зынаргъ æмæ уарзон у нæ мадæлон æвзаг...
Цыппæрæм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джериаты Мæдинæ тынг рæсугъд райхæлдта йæ хъуыдытæ Къостайы ахадындзинады тыххæй ирон адæмы æхсæн:
– Æрдз йæ адæмы хуыздæр миниуджытæ баиу кодта æмæ сæ бавæрдта иу уды мидæг. Къоста йæ зæрдæйы уидæгтæ тынуафæгау нывæзта йæ сагъæсты. Йæ къабæзтæ айтыгъта æппæт адæмыл дæр æмæ сæ йæ зæрдæйы хъармæй рæвдыдта. Абон дæр ма нын нæ фæндаг рухс кæны фидæнмæ.
Мах Къостайы хорздзинæдтæ бафиддзыстæм æрмæстдæр уæд – Къостайы ‘взагæй куы дзурæм, йæ æмдзæвгтæ йын уды арфы куы хæссæм, йæ ахсджиаг фæдзæхст ын – кæрæдзийы уарзгæйæ цæрын – куы сæххæст кæнæм. Æмæ уæд нæ бон фидарæй зæгъын уыдзæн: Къоста цард, цæры æмæ цæрдзæн!..
Хетæгкаты мыггаджы номæй Хетæгкаты Алексей зæрдиаг арфæ ракодта бæрæгбоны архайджытæн, стæй ацы мадзалæй йæхи чи нæ аиуварс кодта, йе ‘ххуысы хай йæм чи бахаста, уыдонæн сеппæтæн дæр.
Сæ хъуыдытæ ма загътой Скъодтаты Эльбрус, Кцойты Гермæн æмæ Колыты Виталий.
Къостайы ‘мдзæвгæтæ тынг зæрдæмæдзæугæ радзырдтой ахуырдзаутæ Дзиуаты Виталий, Гагиаты Алинæ æмæ Сокаты Хъазыбег.
Ацы хатт дæр та 4-æм скъолайы ахуырдзаутæ Бестауты Аланæ æмæ Бигъаты Сæрмæт бацæттæ кодтой сæхи фыст æмдзæвгæтæ ирон æвзаг æмæ Къостайы тыххæй.
Бынтон цымыдисаг та уыдысты нæ чысыл сабитæ ирон дарæсы куы рацыдысты, уæд. 16-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ Уарзиаты Сæрмæт, Кадиты Батраз æмæ Битарты Сæрмæт, бацæттæ кодтой ирон куывд. Хицæн ныхæсты аккаг у Боциты Мишæ, 10-æм рæвдауæндонæй, кæцы æнæкъуылымпыйæ кæрæй-кæронмæ радзырдта Къостайы æмдзæвгæ «Сидзæргæс».
Бузныг, ирон æвзаг сын ныридæгæн афтæ чи уарзын кæны, уыцы хъомылгæнджытæ – Абойты Фатимæ æмæ Пухаты Оксанæйæн.
Уыцы боны мадзал ма иу хатт æвдисæн уыд – ирон адæм кæй никуы ферох кæндзысты Къостайы цытджын ном, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ рæсугъдæй бæрзонд кæй хæсдзысты.
Кæронбæттæны арфæ æнæ ракæнгæ нæй культурæйы Галуаны кусджытæ Туаты Тугъан æмæ Риммæйæн, стæй мадзал амонæг Гутонаты Зæринæйæн, кæцытæ тынг зæрдиагæй бакуыстой, цæмæй бæрæгбон бæлвырд æмæ бæстон æмвæзадыл ацæуа.

Вестник Беслана

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях