Главная - Новости Беслан

16/10/2020 Къостайы кадæн бæрæгбонбон Беслæныхъæуы

Иры номдзыд фырт, йе сфæлдыстадæй йæ ном æнусон чи скодта, уыцы Къоста та знон базмæлын кодта дзыллæ, стырæй-чысылæй йын мысыдыстæм йæ ном йæ райгуырды 161 азы бон. Алыхуызон
мадзæлттæ сарæзтой Ирыстоны алы къуымты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Беслæныхъæу дæр дзыхъхъы нæ ныллæууыд. Ам дыууæ къуырийы дæргъы рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты сывæллæттæ сæ арæхстдзинад æвдыстой поэты уацмыстæ дзурынæй, архайдтой равдыстытæ æмæ конкурсты, кæцыты амидингæнæг уыдис районы ахуырады управленийы ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ.
Беслæны БМК-йы поселочы Хетæгкаты Къостайæн Ирыстоны цыртдзæвæн сæвæрдтой 1939 азы (скульптор Дзантиаты Алыксандр), æмæ уымæй сæрыстыр сты нæ горæты цæрджытæ. Ахæм аз нæма скодта, æмæ ацы бæстыхайы ма æрæмбырд уой поэзиуарзджытæ æмæ йæ ма æрымысой 15 октября. Афтæ знон дæр диссаджы рæсугъд фæсивæд æдде бакастæй дæр æмæ удыхъæдæй дæр æрæмбырд сты цыртдзæвæны раз - Беслæны скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты минæвæрттæ. Афтид къухæй сæ не ‘рæмбырд
кодта Хетæджы-фырт – æрбацыдысты дидинджыты бæстытимæ, алыхуызон нывтимæ – поэты уацмыстæм гæсгæ. Уый уыдис поэзийы бæрæгбон – Къостайы æмдзæвгæтæ тынг аив бакастысты, куыд ахуырдзаутæ, афтæ ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ дæр. Бæрæгбон та æнæ кафт æмæ зардæй нæ ацæуы, æмæ поэты скадджын кодтой æцæг нæртон хъазтæй. Зæрдиаг арфæтæ ракодтой мадзалы архайдждытæн уазджытæ - республикæйы ахуырады министрад æмæ ахуыргæнджыты цæттæдзинад уæлдæр кæныны институты минæвæрттæ Хъуысаты Иринæ æмæ Джусойты Джульеттæ.Кæронбæттæны та ц ы р т д з æ в æ н ы л с æ в æ р д т о й дидинджытæ.
Знон ма Беслæны æрцыд иукультурон цау районы Культурæйы галуаны æмæ районы моделон (модельная) б и б л и о т е к æ й ы кусджытæ бацæттæ кодтой æмæ адæмы размæ рахастой музыкалон- театралон равдыст «Жизнь Коста». Куыд иннæ хæттыты, афтæ ныр дæр мадзал рауад тынг мидисджын – поэты æмдзæвгæтæ, йе ‘мдзæвгæтыл арæзт зарджытæ, скъуыддзæгтæ йæ драмон уацмыстæй, кæфтытæ, йæ уацмыстæй арæзт чингуыты равдыст - иузагъдæй, хъæздыг æрмæгыл зæрдиагæй бацархайдтой Галуаны
коллективтæ. Бæрæгбон райгом кодтой кадджын хистæртæ - районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели, Ныхасы уæнг Кцойты Гермæн æмæ Беслæныхъæуы ветеранты Советы сæрдар Мæрзаты Таймураз. Нывæфтыд куывтытæ ракодтой, радзырдтой, Къоста нæ культурæйы, литературæйы цы бæрзондбынат ахсы, уый тыххæй. Фæсивæдæн арфæйы ныхæстæ загътой, поэты ном рохуаты кæй нæ уадзынц, уый фæдыл. Æртæ кæрдзыны æмæ, цы æмбæлы семæ, уыцы æгъдау, куыд рабæрæг, афтæмæй
арбацыд Кцойты Гермæны хæдзарæй. Бæрæгбоны сæрмагонд уазæг уыд нæ республикæйы адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ. Адæмæн уарзон адæймаг цалдæр зарæджы азарыд, уыдонимæ «Хъуыбады» æмæ «Додой» дæр. Тыхджын къухæмдзæгъдимæ йыл фембæлдысты мадзалмæ
æрбацæуджытæ. Бузныг зæгъæм Культурæйы галуан æмæ библиотекæйы коллективæн, Къостайы ном афтæ бæрзонд кæй хæссынц, се сфæлдыстады, сæ архайды ахæм ахъаззаг бынат кæй ахсы, уый тыххæй.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях