Главная - Новости Беслан

14/07/2016 Зæрдиаг куывд  Хуыцаумæ хъуысы

Фыдæлтæй нæм ныхас æрхæццæ: нæ рæдийы æрмæстдæр, чи ницы кусы, уый. Хуыцауы бын æнæаипп адæймаг нæ цæры, æмæ нæ уый æмбарын хъæуы. Фæлæ цæмæй хицæн кæнæм кæрæдзийæ? Бирæтæ сæ рæдыд бамбаргæйæ, фæсмонгæнгæйæ хатыртæ ракурынц, иннæтæ та нæ…
Куыд уынæм нæхæдæг, афтæмæй ихджын къæвдатæ сарæх сты æмæ адæмæн фыдбылыз хæссынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ районы кувæг лæгтæ ивгъуыд бонты, фыдæлтыккон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ Беслæны Уастырджийы кувæндоны Иунæг Кадджын Хуыцаумæ бакуывтой, цæмæй æрвон фыдбылызтæн кæрон æрцæуа æмæ адæмы хъæндзинæдтæ хатыргонд æрцæуой.

Æрæджы рахизфарсы районы сылгоймæгты советы хъæппæрисмæ гæсгæ арæзт æрцыд рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ мадзал. Бынатæн æвзæрст æрцыд, Хуымæллæджы астæу цы фыдæлтыккон кувæндон ис, уый. Хуыцауæй хатыр ракурынмæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтимæ саггаг кодтой æппæт хъæуты минæвæрттæ, æдæппæтæй æртын адæймагæй фылдæр. Æвзæрст æрцыдысты æппæты цытджын æмæ зонынджын сылгоймæгтæ, кæцытæ зындгонд сты сæ фæлтæрддзинад æмæ дæсныйадæй.

Хуыцаумæ скуывта æмæ уазджытæн раарфæ кодта дзуары лæг Азиаты Гермæн: «Хуыздæр чи бакуывта, уый куывдтæ Хуыцау айсæд. Ирыстоны цæрджытæ, æппæт дæр хорздзинæдтæй хайджын ут! Уæ зæрдæты цыдæриддæр фæндтæ ис, уыдон дзæбæхæй уæ къухты бафтæнт. Уæ кæстæрты хуртæй æфсæст ут. Кæддæриддæр уын рæствæндаг æмæ зæдты фæдзæхст уæнт! Амæй фæстæмæ Ирыстоныл æрмæст циндзинæдтæ æмæ куывдтæ цæуæнт!»

Бакуывды фæстæ æмбырд бахъæлдзæг фæндырдзагъд, зард æмæ кафтæй.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях