Главная - Новости Беслан

13/04/2021 ИРОН ÆВЗАГ ÆМÆ ИРОН ФÆТК НÆ ФЕСÆВДЗЫСТЫ

Ирон æвзаг – нæргæ кадæг. Цас мидис ис ацы ныхæсты! Зæгъæн дæр ын нæй. Уыцы хатдзæгмæ æрцыдтæн раджы, фæлæ мæ зонды æрæджы сфидæр… Цæвитон сæмбæлдтæн хуынды, Ирыстонæн, Хуыцау иузардионæн кæй сфæлдыстæ, уыцы куырыхон, фæлмæнзæрдæ æмæ уазæгуарзаг адæймаг- Уæрæсæйы Федерацийы сгуыхт скульптор Дзбойты Михалы фæрныг хæдзæрмæ.
Цæвиттон, куыд базыдтон, афтæмæй Михал æмæ йæ цардæмбал Дулаты Сонямæ ис ахæм æгъдау: Ирыстонмæ кадджын уазæг куы æрбацæуы – ахуыргонд, нывгæнæг, режиссер, актер…, уæд æй æнæмæнг сæ хæдзармæ æрбахонынц, сбуц æй кæнынц, зæгъын æмбæлы, зæдты æмрæнхъ æй сбадын кæнынц. Афтæ æрæджы нæ республикæмæ Башкирийæ ссыд киноисджыты къорд, кæцытæ аразынц киноныв Тауаситы Сослæнбегыл, сæ адæмон хъайтар Салават Юлаевы скульптурон композици кæй сарæзта, уый тыххæй сæм тынг кадджын у. Ам ма мæ бафиппайын фæнды, нæхи республикæйы Тауасийы-фырты 125 азы юбилей хъуыды дæр кæй ницæмæй æркодтам. Уыцы къорд дæр Дзбойты фæрныг хæдзармæ хуынд æрцыдысты, алчидæр дзы радзырдта, Сослæнбег цы стыр æвæрæн бахаста сæ культурæмæ, уый тыххæй. Кинонывы аккаг, дам, у.
Ацы хатт та Михал æмæ Сонямæ уазæгуаты æрбацыд Турчы цæрæг ирон сылгоймаг Пухаты Жале. Ирыстоны арæх вæййы, уымæн æмæ йын адджын у, йæ фыдæлты авдæн кæм атылд, уыцы зæхх. Жале бакастæй куыд аив у, афтæ рæсугъд у йæ удысконд дæр. Турчы сарæзта мыдадзын фигурæты музей. Жале у, ахæм куыст фыццаг чи райдыдта кæнын ацы паддзахады, уыдонæй иу. Зæгъæн ис, æмæ Михалимæ иу куыст кæнынц, уымæ гæсгæ Дзбойтæ Пухаты чызгимæ фембæлдмæ æрбахуыдтой нæ республикæйы интеллигенцийы минæвæртты – Ирыстоны адамон фыссæг Даураты Дамиры, газет «Рæстдзинады» сæйраг редактор Хозиты Барисы, уацхæссæг Баскаты Уырызмæджы, Рахизфарсы районы центрон библиотекæйы бæрнон кусджытæ Дауыраты Фатъимæт æмæ Ногъайты Заремæйы, ирон æвзаджы пехуымпартæй иу, 13-м, Костайы ном чи хæссы, уыцы скъолайы разамонæг Сæлбиты Иринæйы. Уыцы хыгъды бахаудтæн æз дæр.
Пухаты Жале дзуры сыгъдæг иронау, йæ нывæфтыд æвзаджы пайда кæны рагон ирон, махæн архаикон чи сси, ахæм дзырдтæй, æнæ туркаг ныхæстæй пайдагæнгæйæ. Йæ музейы тыххæй нын стыр æхсызгонæй радзырдта. Сарæзта мыдадзын фæлгонцтæ, æгас зæххы къорийыл йæ ном кæмæн анæрыд, уыцы зындгонд адæймæгты сурæттæ, уыдонимæ уæрæсейæгты дæр. Жале се ‘ппæты тыххæй дæр цыдæр цымыдисаг хабæрттæ зоны æмæ сæ радзуры. Хъусынæй йæм не ‘фсæды лæг, афтæ рæсугъд у йæ дзырдыхъæд.
Пухаты Жале йæхиуыл куы феууæндыд, уæд ын Стамбулы арæнтæ фаг дæр нал кодтой. Афтæмæй йæ музейы диссæгтæ Турчы цы ран нал балæууын кодта, иу ахæм нал баззад. Зæгъæн ис, æмæ Турчы цæрджыты базонгæ кодта аивады ног хуызимæ. Кæмфæнды сæ ма фенæнт, адæм сыл сæ цæст æрæвæрынц. Адæмы зæрдæмæ афтæ фæцæуынц йæ куыстытæ, æмæ ма йæ ногæй бацагурынц. Æмæ алы ран дæр фæнысан кæны, Пухаты Жале ирон чызг кæй у. Куыд дзуры, афтæмæй ма йæ алыварс чи цæры ирон адæмæй, уыдон фидарæй хæцынц фыдæлты ‘взаг æмæ ‘гъдауыл. Дзбойты хæдзары Жалеимæ нæ фембæлд рауад тынг зæрдиагон. Фысымтæ ныл æхсызгонæй бацин кодтой. Ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ ныхас цыдис аив фынджы уæлхъус. Хистæрæн бадт Дамир, бынат дзы уыд хъазын æмæ худынæн дæр. Стыр арфæйы аккаг сты Михал æмæ Соня. Уæлдай бузныг зæгъын та мæ фæнды ацы адджын фембæлды тыххæй Михалы æмкъай Соняйæн. Дисы та мæ бæфдыдта иу хъуыддаг – уыйас уæзджытæн лæггад кодта хæдзары æфсин Соня йæ дыууæ хæрæфыртимæ.
Уыцы изæр мæм равзæрд иу хъуыды: «Ирон æвзаг æмæ Ирон фæтк никуы фесæфдзысты, цалынмæ цæрой æмæ гуырой Дамиртæ, Баристæ, Уырызмæгтæ, Иринæтæ æмæ а.д. Бузныг, Дзобойтæ! Уæ фарн æмæ баркад фылдæр кæнæд! Æнæнизæй цæрут!
СÆБÆТХЪУАТЫ Фатъимæт,
Беслæныхъæу.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях