Главная - Новости Беслан

10/06/2016 Уæлæрвтæ нын  æххуысгæнæг фæуæнт!

Фæстаг рæстæг нæ чысыл Ирыстоныл цы стыр æрдзон бæллæхтæ цæуынц, уымæн æвдисæнтæ стæм не 'ппæт дæр. Æнæкæрон уарынтæ, карчы айчы йас их æмæ уад-дымгæ бирæтæн фæцудыдтой се 'нæниздзинад. Хъыгдæрдгонд баййæфтой цæрæнбынæттæ, социалон бæстыхæйттæ, фæндæгтæ æмæ хæдтулджытæ.

Цæмæн афтæ рауад нæ хабар, цы кодтам Стыр Кадджын Хуыцауæн, фæрсынц тарст хуызæй сæ кæрæдзи адæм. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: «Дæхи бафæдзæхс дзуæрттыл, Хуыцауы уарзон хабæрттæ кæн, æмæ дын уæд уæлæрвтæ дæр æххуысгæнæг уыдзысты!»

Æрæджы Беслæны Уастырджийы кувæндоны Сыкъаты Марат, культурæйы галуаны сæргълæууæг, æмæ Бестауты Сослан, ЛДПР-ы Цæгат – Ирыстоны хайады координаторы хуындмæ гæсгæ æрæмбырд сты æртын адæймагæй фылдæр: Иры æмæ Рахизфарсы Стыр Ныхасы комитеты уæнгтæ - Мæрзæгæнты Махар, Æгайты Ким, Бæройты Махар, Томайты Савелий, Мæрзаты Таймураз, Кцойты Гермæн, нæ республикæйы парламенты депутат Гуытъиаты Вячеслав, Рахизфарсы районы æмæ горæты сæргълæуджытæ– Беркъаты Константин, Хæуытаты Гермæн, районы администрацийы уынаффæгæнæг – Къониаты Хажби, хъæуты минæвæрттæ, районы куырыхон хистæртæ, сё кадджындёр - Дзуццаты Чермен, кувæг лæгтæ æмæ кувæндоны лæггадгæнджытæ, уыдонимæ Алыккаты Хасан.

Ирыстон æнæфыдбылыз куыд уа, амæй фæстæмæ йыл æрмæст хорздзинæдтæ куыд цæуа, ууыл уыд сæ сæйрагдæр куывд, æмæ йæ æнтыстджынæй баххæст кодтой.

«Боныхъæд заууатæй-заууатдæр кодта. Хъуыды нæм фæзынд кусарт акæнын æмæ Хуыцаумæ скувын, хордзинæдтæ дзы ракурын. Уый фыдæлтæй баззайгæ хабар у. Нæ зæрдыл æй бадардтам æмæ нал суæгъд кодтам уыцы ныхас. Нæ фæндон радзырдтам нæ курыхон хистæртæн æмæ нын разыйы дзуапп радтой. Бузныг зæгъæм нæ уæлхъус чи æрбалæууыд, уыдонæн се 'ппæтæн дæр, йæ рæстæг чи нæ бавгъау кодта æмæ сыгъдæг зæрдæйæ бакувынмæ чи саккаг кодта», - радзырдтой Марат æмæ Сослан.

Уазджытæ æмæ хистæртæ æппæт Ирыстоны цæрджыты номæй арфæ ракодтой: «Абон ацы рæсугъд хъуыддаг чи бацæттæ кодта, ацы æртæ кæрдзыны кæй къухæй рацыдысты, уыцы кæстæрты цæрæнбон Хуыцау бирæ скæнæд! Стыр арфæ уын кæнæм, æгайтдæрма уæ хъус дарут æмæ уе 'ргом здахут нæ фыдæлтыккон æгъдæуттæм æмæ сæ парахат кæнут. Уæ хъару азæй-азмæ фылдæрæй-фылдæр кæнæд. Уæ фæндтæ куыд рухс сты, ахæм рухс цард фæкæнут бирæ азты дæргъы уæ уарзон адæмимæ. Сымах хуызæн фæсивæд нæм куы уа, уæд махæн дæр æнцон цæрæн уыдзæн. Уæ намыс дæргъвæтин фæхæссут!»

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях