Главная - Новости Беслан

08/02/2019 Хистæртæ - Бруты уазджытæ Фембæлд

Бруты культурæйы хæдзары уыд фембæлд районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели æмæ йæ архайджыты хистæртимæ. Уыдон культурæйы хадзары кусджыты хъæппæрисæй иумæйагæй æрбахуыдтой кæстæр фæлтæры минæвæртты æмæ семæ зæрдиагæй аныхас кодтой ирон æгъдæутты тыххæй.
Ныхас цыд сæйрагдæр ахæм фарстайыл: «Цы хонæм ирондзинад?», Не 'взаг – нæ хæзна, не 'гъдæуттæ – нæ фидæн!». Кæд æмбырд фыццаг хатт уыд арæзт æмæ æппæт фарстатæ лыггонд не 'рцыдысты, уæддæр нын амæй фæстæмæ уыдзæн пълангонд фембæлдтæ хистæр фæлтæрæн кæстæримæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты рæзгæ фæлтæры раст фæндагыл аразынæн, хъомыладон фарстатæ лыг кæнынæн.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях