Главная - Новости Беслан

05/06/2015 Æгъдау æмæ æфсарм царды йæ разæй цæуынц

Къорд боны разæй редакцийы тилифоны дзæнгæрæг райхъуыст, бацагуырдтой мæн, æмæ хæтæл куы райстон,уæд йæ иннæ кæрæн чи уыд, уыцы сылгоймаг салам зæгъыны фæстæ бамбарын кодта, Амырыкæй кæй дзуры. Мæ дисæн кæрон нал уыд, зæгъын, уым дæр та мын зонгæтæ куы разынд, фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй Кучиты Людмилæ мæ зонгæ нæ уыд. Тынг мæ ракуырдта, мæ фыд Русланæн, дам, æртыккаг июны йæ гуырæнбон у, мæ мад Винерæимæ, та 56 азы хъæрмудæй цæрынц, æмæ, дам, ын мæ бæсты арфæ ракæнут уæ газеты фæрстыл.

Дард Филадельфийæ дзырдта Людæ, æмæ йын йæ дзырдæн аргъ куыд не скодтаин. Фæлæ йæ афтæ бафæндыд, цæмæй йæ уарзон ныййарджытæ газеты рацыды бонмæ йæ курдиаты тыххæй мацы базоной. Иузагъдæй, йæ зæрды сын æнæнхъæлæджы хорздзинад скæнын уыдис, гъома «сюрприз». Людæ йæ мад æмæ йæ фыды тыххæй бирæ рæсугъд ныхæстæ загъта:

- Бауырнæд уæ, се ‘хсæн хъæр ныхас никæд рауад, кæрæдзимæ æдзухдæр хъазгæ ‘мæ худгæйæ дзурынц. Æдде бакастæй дæр æнгæс сты. Уæдæ удыскондæй та – æвзонг. Бирæ адæм сæ цардæй хъаст фæкæнынц, зындзинæдтæ æвзарæм, зæгъгæ. Æз мæ ныййарджытæй ахæм ныхæстæ никæд фехъуыстон. Оптимисттæ сты, кæд сæ цардвæндаг айдæнау лæгъз нæ уыд, уæддæр. Зонынц алы бонæн дæр, куыд Хуыцауы лæварæн, аргъ кæнын.

Алкæмæндæр, искуы иуы йеддæмæ, йæ ныййарджытæ адджын сты, æвзæр дзы ничи зæгъдзæн, æмæ ма, зæгъын, искæйы куы афæрсин. Мæ хорз зонгæ Кучиты Шамилмæ æххуысмæ фæсидтæн, бамбарын ын кодтон хъуыддаг, æмæ мын бирæ цымыдисаг хабæрттæ радзырда йе ‘рвадæлты тыххæй:

- Еруслан – мах æй афтæ хонæм нæхи астæу, у нæ мыггаджы нæ, фæлæ Ирыстоны разагъды лæгтæй иу. Æгъдау æмæ æфсарм йæ мады гуыбынæй рахаста, æмæ царды йæ разæй цæуынц. Мах, кæстæртæ, ууыл ахуыр кæнæм, зæгъын æмбæлы, нæ царды чиныг у. Еруслан цы циндзинады нæ уа, уый циндзинады хуызæн дæр нæ вæййы. Тибы Таранджелозы, нæ кадджын зæды куывды, алы аз дæр фæбады хистæрæн, æмæ фынг рæсугъд ахæссы, йæ куывдтытæ йын зæд æхцонæн айсы, мыггаджы фарныл рæстмæ зынынц.

Ме ‘рвадæлтæм арæх бауайын, абæрæг кæнын Еруслан æмæ Винерæйы. Кæрæдзийы амонд уыдысты ацы дыууæ удыкондæй рæсугъд адæймаджы. Диссаджы хъæрмуд ахастдзинæдтæ ис се ‘хсæн. Кæд фæндзай æхсæз азы рацыд сæ чындзæхсæвæй нырмæ, уæддæр се 'нкъарæнтæ фыццагау сты ирд æмæ хуызджын, æнæ кæрæдзи минут дæр нæ быхсынц, «деду» æмæ «баба» дзурынц кæрæдзимæ, æмæ цыма адæймаджы сæ хъарм ахастæй батавынц. Мæ хистæр æфсымæр Еруслан цардмæ йæ романтикон цæстæнгас нæма аивта, æмдзæвгæтæ афтæ рæсугъд кæсы, æмæ йæм хъусынæй нæ бафсæддзынæ. Сæ кæстæртæ дæр сæхи халдих рауадысты – æртæ лæппуйы æмæ чызг схастой, радтой сын раст хъомылад, адæмы ‘хсæн сæ ныййарджытау сты нымад. Ренат Дзæуджыхъæуы цæры æд бинонтæ. Людæ æмæ Радик йе ‘мкъай Лейлæимæ цæрынц Америкæйы. Ныртæккæ Ирыстоны аккаг куыст ссарын зын у, æмæ иу-дæс азы разæй уырдæм афтыдысты. Радик йæ лæппутæ Æхсар æмæ Ибрагимы ам, йæ мад æмæ фыды раз, ныууагъта, гъома, кæйдæр бæстæйы сæ ирон уидæгтæ ферох кæндзысты, зæгъгæ. Ныййарджытимæ цæры сæ кæстæр фырт Аслæмбег.

Нæ кадджын хистæр Ерусланæн зæрдиаг арфæ кæнын йæ райгуырæн боны фæдыл. Кæд ыл 84 азы сæххæст, уæддæр ма уæнгрог у, турникыл бирæ æрыгон лæппутæй æрзилынмæ хуыздæр арæхсы, велосипедыл цалдæргай километртæ ацæуы æвæлладæй. Гъемæ ма бирæ азты махæн дæнцæг куыд уа æгъдауы дæр æмæ спорты дæр, ахæм хъару йæм разынæд. Йæ кæстæрты хуртæй æфсæст куыд уа, сæ зындзинад сын куыд никæд фена, уый йын Хуыцауы цæст бауарзæд!

Шамилы арфæтæм ма мах дæр бафтауæм. Кучиты Русланæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, йæ уды æвзонгдзинад макæд фесæфæд, Не Скæнæг ын цы азтæ саккаг кодта, уыдон та цинæйдзаг куыд уой йæ кæстæрты уæлахизтæй.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях